РЦИ-Аланийы сæргълæууæг Сергей Меняйло комкоммæ эфиры дзуапп ратта республикæйы цæрджыты фарстатæн
Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Сергей Меняйло нæ телеканалы комкоммæ эфиры дзуапп радта регионы цæрджыты фарстатæн. Бынаты куыста колл-центр дæр. Оператортæ 3 сахаты дæргъы нысан кодтой адæмы курдиæттæ куыд телефонæй, афтæ социалон хызæгтæй дæр. Фарстатæ баст уыдысты алы къабæзтимæ. Медицинæ, социалон къабаз, транспорты куыст, æмæ бирæ æндæртæ. Бæстон æрмæг бацæттæ кодта нæ уацхæссæг Хуасдзауты Алинæ. Республикæйы районты цæрджыты фарстатæ æмбырд кодтой 3 боны дæргъы. Нæ телекомпанийы колл-центр та йæ куыст райдыдта знон. Адæмы курдиæттæ баст уыдысты алы къабæзтимæ. Оператортæ лæмбынæг нысан кодтой æппæт хъæугæ информаци дæр. Республикæйы льготæтæм гæсгæ хостæ чи исы, уыдонæн сæ дæттынц къуылымпытимæ. Хатгай адæмы бахъæуы цалдæр мæйы æнхъæлмæ кæсын. Медицинон уагдæтты сын дзуапп раттынц, фарста æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады бæрны кæй ис, зæгъгæ. министрады дзуапп та вæййы - хъуыддаг финансты министрадмæ хауы, зæгъгæ. Сергей Меняйло куыд фæнысан кодта, афтæмæй уавæр сæвзæрд, бюджеты фарон хъæугæ фæрæзтæ кæй нæ бавæрдтой, уый аххосæй. Республикæйы цæрджытæ ма тыхсынц регионы ифтогадыл туаггуырæй. Ныртæккæ йæ Цæгат Ирыстонмæ ласынц Абинск, Азов æмæ Волгоградæй. Республикæйы фæзындзæн хи туаггуыры станцæ æмæ завод. Йæ арæзтад йын райдайдзысты декабры кæрон. Бирæ фарстатæ баст уыдысты Дзæуджыхъæуы æсхæнадон транспорты куыстимæ. Бæлцæттæ куыд зæгъынц, афтæмæй иуæй- иу маршрутты транспорт изæрыгон æвзæр кусынц. Бахъæуы сæм бирæ рæстæг лæууын. Хатгай цæугæ дæр нæ ракæнынц. Зæрдæхсаинаг у транспортæн йæ уавæр дæр. Куыд æмбæлы афтæ нæ кусы транспорт муниципалитетты 'хсæн дæр. Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ, хъуыддаг хуыздæрырдæм раивынæн хъæуы сæрмагонд транспортон гæххæт. Аразын æй ныридæгæн райдыдтой. Æнæмæнг хъæуы сбæлвырд кæнын маршруттæй ахсджиагдæр кæцытæ сты, бæлццæттæ арæхдæр кæдæм цæуынц, уый. Стæй, уæд хæдтулгæтæй ногтæй баивын. Уыимæ ма, регионы фæзындзæн фæндаггон змæлды разамынды центр. Тельманы номыл уынджы 24-æм хæдзар банымадтой кæлæддзагыл 2016 азы. Дыууæ азы фæстæ цæрджытæн радтой ног фатертæ. Фæлæ ма хæдзары абон дæр цæрынц 30 бинонтæ. Адæмæн ныфс бавæрдтой 2025 азмæ сæ кæй ракæндзысты ног цæрæн бынæттæм. Фæлæ, цæрджытæ ахæм уавæримæ разы не сты. Курынц, цæмæй фарста ацы азы кæронмæ райхалой. Хъуыддаг къухы бафтдзæн æви нæ, уый тыххæй радзырдта республикæйы цæрæнуæтты коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Тамайты Майрæн. Дигорайы цæрджытæ тыхсынц, бырондон горæтмæ хæстæгдæр кæй кæны, уый фæдыл. Адæмы фæнды, цæмæй сын арæзтадон æмæ æндæр бырæттæ кæдæм ласой, ахæм бынат саразой. Республикæйы сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Дигорайы бырондон аиуварс кæндзысты иннæ аз. Уымæй уæлдай ма, бафснайдзысты Алагиры, Æрыдоны æмæ Беслæны бырондæттæ дæр. Рæстæгмæ сифтонг кæндзысты фæзуат, цалдæр районы бырон кæм æмбырд кæндзысты, ахæм. Фарстатæй цалдæр баст уыдысты стадион Спартакимæ. Бæлвырддæр дзургæйæ та, цалцæггæнæн куыстытæ кæронмæ кæд ахæццæ уыдзысты,уыимæ. Объекты проект сарæзтой дыккаг категоримæ гæсгæ. Уæрæсейы футболон цæдисы домæнтæм гæсгæ та хъуамæ уыдаид фыццаг категорийы. Уыимæ ма, куыд рабæрæг, афтæмæй трибунтæтæй иу уыд хицæн адæймаджы къухы. Уый дæр аххосæгтæй иу, куыстытæ кæй фæфæстиат сты, уымæн. Проектыл ногæй бакусæн ныртæккæ нæй, Сергей Меняйлойы ныхæстæм гæсгæ. Фæлæ, хъуыддаг райхалæн ис абоны контракт кæронмæ баххæст кæнгæйæ. Стæй, уæд райдайын ног проектмæ гæсгæ кусын. Пъланмæ гæсгæ, объект цæттæ уыдзæн фидæны азы сæрды кæронмæ. Дзæуджыхъæуы цæржытæ тыхсынц Жуковскийы номыл парчы уавæрыл. Проект ын сарæзтой. Куыстытæ дæр бынаты райдыдтой. Сæрды райдианмæ фæз йæ хуыз скалдзæн. Уымæй уæлдай са сног кæндзысты горæты цалдæр æхсæнадон бынаты. Æрхонкæйы скъолайы директор куыд фехъусын кодта, афтæмæй уагдоны бæстыхай у бындуронæй цалцæггæнинаг. 100 азæй ыл фылдæр цæуы. Нырыккон домæнтæ дзуапп нал дæтты. Сергей Меняйло фæнысан кодта, ахæм уавæры ма сты Дигорайы æмæ Майскийы скъолатæ дæр. Уæрæсейы Президент Владимир Путины хæслæвæрдмæ гæсгæ 2025 азмæ республикæйы къæпхæнгай сног кæндзысты æппæт скъолтæ дæр. Иннæ аз пъланмæ гæсгæ сцалцæг кæндзысты 25 скъолайы. Дзæуджыхъæуы 11-æм скъолайы цалцæг дæр 2022 азы хъуамæ кæронмæ ахæццæ уа. Комкомæ эфиры цы фарстатыл нæ бантыст аныхас кæнын, уыдонмæ дæр æнæмæнг æргом здæхт уыдзæн. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv