Абон-бæстондæрæй

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

8 лет назад

Цæгат Ирыстоны парламенты депутаттæ æмхъæлæсæй фесты завод "Электроцинчы" ныхмæ. Домынц, цæмæй йæ сæхгæной. Сæ хъуыдытæ фехъусын кодтой абон парламенты советы радон æмбырды. Йæ архайджытæ федералон депутаттæм курдиат бахæссыны проект ныффидар кодтой. Ортабайты Тимуры ныхæстæм гæсгæ, уыцы ахсджиаг фарстайыл æрдзырдтой парти "Иугонд Уæрæсе"-йы æмбырды дæр. Куыд фæнысан кодта, афтæмæй заводы зынгсирвæзт адæмы ноджы тынгдæр сæ ныхмæ сызнæт кодта. Куыстуаты разамындæй бадомдзысты дзуапп радтын. Фыццаджыдæр зынгсирвæзтыты ныхмæ домæнтæ куыд æмбæлы, афтæ кæй не `ххæст кодтой, уый тыххæй. Æхсæнадон змæлд "Иры Стыр Ныхас"-ы сæрдар Кучиты Руслан куыд загъта, афтæмæй цыбыр рæстæгмæ сараздзысты сæрмагонд æмбырд. Бæлвырддæрæй дзы æрдзурдзысты нæ республикæйы экологон уавæрты тыххæй. Профилон хайæдтæ цы басгæрстытæ аразынц, уыдонæн сæ хатдзæгтæ нырма бæрæг не сты. Кучиты Руслан æмбырды бахаста хъæппæрис, цæмæй Цæгат Ирыстоны саразой экологи æмæ æрдзхъахъхъæныны ног къамис. Æмбырды архайджытæ уыдысты иу хъуыдыйыл хæст - заводы куыст хъæуы æрлæууын кæнын. Уый тыххæй спайда кæнинаг сты барадон бындурæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Абон-бæстондæрæй

Категория:

Новости и СМИ