Кæуылты цæугæ у?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

8 лет назад

29-æм æфсæддон городочы æмæ хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ хъаст кæнынц. Ныр цалдæр азы сæ хæдзæрттæй рацæуæнтæ вæййынц æхгæд. Æфсæддонты хæдтулгæтæй дзы къах æрæвæрæн нал вæййы. Арæх машинæтæ трамвайты фæндагмæ дæр рахæццæ вæййынц. Цæрджытæ кæдæм нал бахатыдысты фарстамæ æркæсыны курдиатимæ, иу ахæм ран нал баззад. Фæлæ сын дзуапп ничима радта. Уавæрмæ лæмбынæг æркастысты не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. 29-æм æфсæддон городочы кæртмæ ис 3 бахизæны. Фæлæ иууылдæр вæййынц æхгæд. Æфсæддонты хæдтулгæтæ лæууынц алы ран дæр - къахвæндæгтыл, кæрдæгыл. Хæстæгдæр хæдзæртты цæрджыты ацы уавæр тынг тыхсын кæны. Зæгъæм, Мæргъиты Лейлæ хъаст кæны, йæ цоты цот рæвдауæндонмæ бахæццæ кæнын арæх сæрниз кæй разыны. Хæдтулгæтæ сæхгæнынц бахизæн бæстыхаймæ бахизæнтæ. Æфсæддон хаймæ цас адæм цæуы, уый хæстæгдæр хæдзæртты цæрджытæ бамбæрстой афæдзы размæ. 58-æм æфсады 34-æм разамынддæттæг бригады бæстыхай ис Къостайы проспекты 34-æм хæдзары. Мидæмæ дзы бацæуæн ис 3 цæстдарæн-уадзæн пункты уылты. Иу дзы ис Къостайы проспекты. Дыккаг та - намысы мемориалы. Æртыккаг кæсы Терчы былгæронмæ. Афæдзы размæ фæстаг дыууæ пункты сæхгæдтой. Цæй тыххæй, уый дзургæ нæу - æфсæддон сусæгдзинад, дам, у зæгъгæ. Фæлæ ацы уынаффæ адæмы тыхсын кæны. Раст куы зæгъæм, уæд æрмæст æфсæддон городочы кæрты цæрджытæ нæ тыхсынц. Ацы раныл цæуы трамвайты фæндаг дæр. Хæдтулгæты шофыртæм арæх уый фыст дæр нæ вæййы. Наталья Лохова, трамвайы шофыр:«Ногæй та сæ хæдтулгæ ам сæвæрдтой. Куыд хъуамæ ахизон æз ныр?! Куы йæ бакъуырон, уæд та?! Фидгæ дæр ын æз хъуамæ кæнон уæд? Æнхъæлмæ кæсдзыстæм шофырмæ, æмæ нын нæ куыст кæй баурæдта, уый тыххæй ивар бафидæд». Уавæр хуыздæрырдæм куыд аивгæ у, уый нырма бæрæг нæу. Штабмæ хæстæг зæхх ис нæ бæстæйы хъахъхъæнынады министрады бæрны. Æфсæддонты ныхæстæм гæсгæ, ахæм уавæр ис æппæт горæтты дæр. Сæ хæдтулгæтæ ныууадзынц бахизæнтæм æввахс. Искæй хъыгдарынц уымæй æви нæ, ууыл нæ хъуыды кæнынц. Æфсæддон городочы цæрджытæ кæдæм нал бахъаст кодтой, ахæм ран нал баззад. Не сфæлдыстадон къорд дæр сыл æрзылд, фæлæ дзуапп никуыцæй райстам. Адæмæн дарддæр кæдæм цæугæ у, уый дæр бæрæг нæу. Фыссынц курдиæттæ æмæ сæ зæрдæ дарынц, æфсады разамынд ногæй цæстдарæн-уадзæн пункт кæй байгом кæндзæн, ууыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Кæуылты цæугæ у?

Категория:

Новости и СМИ