Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарби
Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Цалиты Сафарби
Уæззау хабар. Йæ цардæй ахицæн Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайæг Цалиты Сафарби. 43-æм азы Цалиты Сафарби, фæлтæрдджын артилерист уæвгæйæ, ныппырх кодта знаджы танк ӕмӕ дыууæ минæзгъалæджы. Басаста ныхмæлæууæджы сармадзанты иугонд. Фашисттимæ тохы цы хъæбатырдзинад равдыста, уый тыххæй хорзæхгонд æрцыд «Фыдыбæстæйы Стыр хæсты 1-æм æмæ 2-æм къæпхæнты ордентæй» æмæ «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй» майданæй. Хиуæттæн æмæ хæстæджытæн тæфæрфæс ракодта республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр.