Куадзæнмæ сыхгæндзысты фæндæгтæ
Ахсæв Цæгат Ирыстоны аргъуанты райдайдзысты сæрмагонд мадзæлттæ. Сæ сæйрагдæртæ уыдзысты райсом. Куадзæны бæрæгбонмæ уый тыххæй æхгæд æрцæудзысты аргъуантæм бацæуæн фæндæгтæ. Уый æдасдзинады домæнттæ æххæст кæнгæйæ. Афтæ хъусын кæнынц Дзæуджыхъæуы администрацийы. Хæдтулгæтæн ацæуыны бар нæй уыдзæн Рождественскийы уынгыл. Сæхгæндзысты Армайнаг уынгæй - Хъантемыры номыл уыджы онг. Уым та Хетæгкаты Къостайы уынг дæр. Æхгæд уыдзæн Хъуылаты уынг. Стæй, Гастеллойы уынг - Плиты Иссæйы æмæ Къубалты уынджы онг. Уыимæ ма машинæнæт нæ цæудзысты Тургеневскийы уынджы æмæ Дзержинскийы. Уым та Доваторæйы проспектæй - Гончаровы уынджы онг. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Куадзæнмæ сыхгæндзысты фæндæгтæ
Категория:
Новости и СМИ