Ног азы лæвæрттæ
Сывæллæты хæдзары хъомылгæнинæгтæн та Ног азы арфæтæ ракодта нæ республикæйы хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз. Уагдоны кусджытæн загъта бузныг, бирæ азты ахæм ахсджиаг куыст кæй кæнынц, уый тыххæй. Сывæллæттæ уазджытæн бацæттæ кодтой цымыдисаг концертон программæ, бакастысты æмдзæвгæтæ. Сабиты барæвдыдтой зæрдылдарæн лæвæрттæй. Сывæллæтты хæдзары хъомылгæнджытæ хицауады сæрдарæн бузныджы ныхæстæ загътой уæлдай цæстдард сæм кæй ис æмæ сын хицауад æппынæдзух æххуыс кæй кæны, уый фæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ног азы лæвæрттæ
Категория:
Новости и СМИ