Фидын хъæуы
Цæгат Кавказы электрон хызæджы системæйæ хъусын кæны, адæм иумæйаг электрон тыхæй пайда кæнгæйæ хæстæ кæй дарынц, уый. Уымæ гæсгæ сæ хызæгæй райдыдтой хицæн кæнын. Электрон тыхы лæггæдтæн фиддонтæ чи на бахаста, уыдоны нымæц ныртæккæ у 1200 адæймаджы. Æппæт уыцы уагхæлдтытæ хынцгæйæ, æрæджы Цæгат Кавказы электрон хызæджы специалистæ сарæзтой радон басгæрст. Цы хæдзæртты уыдысты, уыдонæй иу - Дзæуджыхъæуккаг уыджы 30 æмдзæрæн. Хæдзарæн йæ иумæйаг хæс у 400 мин сомæй фылдæр. Бæрнон кусджытæ сбæрæг кодтой цалдæр уагхæлды. Загъæм, кæцыдæр фатерты электрон тых нымайæн гæрзтæй пломбæтæ уыдысты æппæрст. Электрон тых лыггонд цæуы æрмæст хицæн фатерты нæ, фæлæ иумæйаг хæстæ чи нæ фиды, уыдонæн дæр. Ацы хъуыддагмæ адæм хъуамæ цæсгомджынæй кæсой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидын хъæуы
Категория:
Новости и СМИ