Челдыты Фатимæ 30 азæй фылдæр кусы граждайнаг акттæ фидаргæнæн хайады
Йæ царды ахсджиаг цы бон сси, уый Челдыты Фатимæ хорз хъуыды кæны. Студенткæ уыд, хæстæджытæ сӕ регистрацимæ йӕ бинонты куы фæхуыдтой, уæд. Уыцы цины хъуыддаг йæ зæрдæмæ ахæм тынг фæцыд, æмæ йæ бафæндыд ахӕм хорздзинадмӕ исты бар дарын. Цалдæр азы фæстæ райдыдта йæ бæллицмæ сабыргай цӕуын. Райдыдта ноггуырдтæн æвдисæндартæ дæттын. Йæхæдæг куыд зæгъы, афтæмæй, регистраци цы ноггуырдты скодта, уыдоны ныр сæ къæйттимæ дæр баиу кæны. Йæ куыст нымайы алæмæты фæзындыл. Йæ куысты мидӕг зæрдыл уæлдай цы цаутæ бадардта, уыдон бирæ сты. Амондджын, ирд æнкъарæнтимæ æмæ фарнæйдзаг. Фатимæ хъуыды кæны ПонАмаревты??? бинонты. 60 азæй фылдæр фæцардысты иумæ. Кадджын мадзалы рæстæг сæ бафарстой, бинонты амонд цæмæй аразгæ у, зæгъгæ. Цы дзуапп радтой, уый Фатимæ абон дæр хорз хъуыды кæны. Сусæгдзинадæй дзы ницы ис, зӕгъынц, мах кæддæриддæр уарзтам æмæ абон дæр кæрæдзи уарзæм. Æмæ ахæм дæнцæгтæ ныфс дæттынц æрыгон бинонтæн. Афæдзмæ нæ ЗАГСЫ сæ æмкъайад регистраци скодтой 1600 бинонтæ. Ноггуырдтæ та сты 4 минæй фылдæр. Фатимæ куыд зæгъы, афтæмæй арæх ныййарджытæ сæ сывæллæттæн равзарынц æнахуыр нæмттæ. Ацы хъуыддагмæ хъæуы бæрнондæрæй кæсын, зæгъы сылгоймаг. Граждайнаг акттæ фидаргæнæн Дзæуджыхъæуы хайады куыст иу минут дæр нæ лæууы. Чи зоны, æмæ ацы бынат мах нымайæм хуымæтæгыл. Афтæмæй та ам нысангонд цæуынц адæймаджы царды ахсджиагдæр цаутæ. Алкæцы дæр дзы уæлдай хъармдзинад æмæ сæрыстырдзинадимæ хъахъхъæнынц архивы. Царды ахсджиагдæр къæпхæнты рæстæг нæ фарсмæ. Алы истори дæр хорз чи хъуыды кæны æмæ йæ чи хъахъхъæны, уыдон сты ам кусӕг адӕм. Уыдон сæ куыстæн уæлдай стыр аргъ кæнынц, уарзынц æй. Æмæ бирæ азты фæстæ дæр архайынц, раст цымæ фыццаг бонты кусынц, афтæ.