Бехъаны балеркæсаджы банымадтой нæ бæстæйы æппæты хуыздæрыл
Бехъаны балеркæсаджы банымадтой нæ бæстæйы æппæты хуыздæрыл. Бæлвырддæр та кæсагдарæн куыстуат «Ир-Фиш»-ы цы кæсаг дарынц, уый. Бехъаны цадты кæсагдарыны куыст парахат кæны. «Ир-Фиш»-ы продукци фæбæрæг кодтой æппæтуæрæсеон агропрмышленнон равдыст «Золотая осень»-ы. Мадзал арæзт цыд 9-æм октябрæй 12-æммæ. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарад æмæ фæллойы министрад куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ирон кæсагдарджытæн фыццаг хатт скодтой ахæм стыр аргъ. Куыд рæзы ацы къабаз æмæ йын фидæны цы уавæр ис, уый тыххæй æрныхас кæндзыстæм нæ уазæгимæ. Абон нæ студимæ æрбахуыдтам кæсагдарæн куыстуат «Ир-Фиш»-ы бындурæвæрæг Гæбуты Игоры. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Бехъаны балеркæсаджы банымадтой нæ бæстæйы æппæты хуыздæрыл
Категория:
Новости и СМИ