Алагиры районы фадат ис бæхтыл балц кæнын
Алагиры районы туризмы райрæзтæн уæлдай фылдæр гæнæнтæ ис. Ууыл иу æмæ дыууæ хатты ныхас нæ цыд бæрнон кусджыты хсæн. Ацы къабаз рапарахат кæнын - ныртæккæ сæйрагдæр хæстæй иу у. Æмæ йыл хицауад куыд кусы, афтæ республикæйы цæрджытæ дæр. Зæгъгæм, æрæджы Уæллаг Мызурмæ ввахс фæзынд бæхтыл балц кæныны фадат. Ахæм хъуыды равзæрд бынæттон цæрджытæм. Бакустой йыл æмæ сæ къхы бафтыд. Ныр адæм радыгай тырнынц бæхтыл тезгъо кæнынмæ. Амидингæнджытæ зæгъынц, фидæнмæ ма пълæнттæ бирæ ис. Туризм парахат кæныныл республикæйы хицауад рагæй архайы. Фæлæ уыцы фарстамæ фæсивæд дæр куыд фæндыйы цæстæй нæ кæсы. Уæладжыры комы фадат фæзынд бæхтимæ балцы цæуын. Ахæм хъуыды фæзынд Калоты Аланмæ æмæ Хацъæты Зауырбегмæ. Сæ фæнд сæххæст кæнын ныр сæ къухы бафтыд. Цымыдиссаг балцы тыххæй бонæй-бонмæ базоны бирæ адæм. Аразджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй æрмæст æрдзы уынд дæр бæлцæтты дисы бафтауы. Бæхтæ ласт сты Хъæрæсе-Черкессийæ æмæ Кæсæг-Балхъарæй. Фæстæдæр та дзы фæзынд нæхи бæхты мыггагимæ æмхæццæ цыппаркъонтæ дæр. Валерий Афанасьев бæхыл фыццаг хатт 10 азыдзыдæй сбадти. Уæдæй нырмæ æнæ цыппаркъахыг æмбалæй йæ цард нæ уыны. Ныр та бæхыл бадын ахуыр кæны туристты дæр. Мадзалы уазджытæн сæ бон у равзарын балцы хуыз. Ис сахаты бæрц атезгъо кæнын, ис та балцы ацæуын æхсæвиуат кæнгæйæ. Ардæм иу хатт чи æрбафтыд, уыдон зæгъынц - къæвдатæ æмæ дымгæдæр сæ нал уромынц, афтæ цымыдисаг у. Уазджыты хсæн ныридæгæн уыдысты æрмæст Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнтæй туристтæ дæр. Ивгъуыд аз та мадзалы аразджытæ бацархайдтой Цæгат Кавказы туризм æмæ хъæууон хæдзарады фарстаты æмбырды. Фæсивæд радзырдтой фидæнмæ сæм цы фæндтæ ис,уыдон. Ахæм хорз фæндтæ фæсивæды къухты кæй бафтдзысты, уый дызæрдыккаг нæу. Ныр та уал сæ цымыдисаг мадзал рухс кæны Ирыстоны цæрджыты зæрдæтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Алагиры районы фадат ис бæхтыл балц кæнын
Категория:
Новости и СМИ