Хицауад снысан кодта "Плавание для всех", зæгъгæ, программæ
Хицауад снысан кодта "Плавание для всех", зæгъгæ, программæ. Йæ сæйраг нысæнттæ — рæвдауæндæттæ, скъолатæ æмæ сывæллæтты фæлладуадзæн бынæтты аккаг инфраструктурæимæ уавæртæ аразын. Программæмæ гæсгæ, хæстæг 6 азмæ ленк кæнын сахуыр кæндзысты 12 млн сывæллоны, се 'хсæн 124 мин — йе 'нæниздзинад хъыгдæрд кæмæн у, ахæмтæ. Бассейнтæ цы скъолаты ис, уым дыккæгæм къласæй фæстæмæ снысан кæндзысты ахуырадон модул "Ленкæнынад". 2030-æм азмæ сæ 80% хъуамæ сахуыр уой ленк кæнын. Пъланмæ гæсгæ 1-æм квартАлы 14 регионы райдайдзысты проект æххæст кæнын. Бакусдзысты тренерты квалификацийы уæлдæр кæнынадыл. Æппæт куыст цæуы президенты уынаффæмæ гæсгæ.