Сабырдзинады проспектыл цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты
Сабырдзинады проспектыл цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты. Ивынц зæронд æфсæнвæдæгтæ. Уыимæ ма, проспекты зæронд уæлцъар дæр Мордовцевы уынгæй - Горькийы уынджы онг. Уæлахизы 75-азон юбилеймæ егъау куыстытæ хъуамæ баххæст кæной. Куыстыта райдыдтой 20 декабры. Уыцы рæстæгмæ райхæлдтой зæронд æфсæнвæндæгтæ. Бирæ рæтты уыдысты гæбæзтæй конд. Æдасдзинады домæнтæн дæр дзуапп нал лæвæрдтой. Æфсæнвæндæгты бын сæвæрдтой ног хъæдын шпалæтæ. Сæрст сты криазотæй, цæмæй донæй ма 'взæр кæной æмæ фылдæр фаг суой. Сæ уæлæ сын сæвæрдтой ног æфсæнвæдæгтæ. Сæ дæргъ у 13 метры. Куы сæ сæвæрынц, уæд сæ кæрæдзиимæ бандадзынц. Сты сæрмагонд желобтимæ. Уый руаджы æнæнхъæлæджы уавæры трамвай æфсæнвæндагæй нæ фæиртæсдзæн. Куыстыты хæрзхъæддзинадмæ кæсынц лæмбынæг цæстæй. Ныр ма баззади æфсæнвæдæгтæй 50 метры сæвæрын. Горькийы номыл уынг æмæ Сабырдзинады проспекты тигъыл сæ раивдзысты æхсæвыгон, цæмæй фæндаггон змæлд ма фæкъуылымпы уа бирæ рæстæгмæ. Куыстытæн рахай кодтой 37 милуан сомы. Æдæппæтæй раивдзысты æфсæнвæндæгты 500 метры. Февралы райдианы трамвайта проспектыл цаудзысты ног æфсæнвæндæгтыл. Фæлæ, ууыл проспекты цалцæггæнæн куыстытæ нæ фæуыдзысты. Сæрибары фæз æмæ Мордовцевы номыл уынгæй Горькийы номыл уынджы онг систой зæронд асфальты уæлцъар. Бирæ азты дæргъы ивд нæ уыдис. Уымæ гæсгæ, заууат уавæры уыд. Уыимæ ма, ранæй рæтты ивинаг сты дондзæуæн хæтæлтæ дæр. Уыдон дæр ныртæккæ ивынц. Владимир Боранов, Дзæуджыхъæуы администрацийы арæзтады разамынды хицауы хæдивæг: «Куыстытæ райдыдтам декабры. Ныр уал кусынц зæронд уæлъар сисыныл. Стæй, цæмæй ног уæлцъар куы сæвæрæм, уæд хъыгдард ма ’рцæуа, уый тыххæй ивæм рагацау дондзæуæн хæтæлтæ дæр. Се 'ппæт ивинаг не 'сты. Уыимæ ма, кусæм къæвдайы дондзæуæн системæйыл дæр. Куыд æмбæлы, ахæм хорз куыст нал кæны. Ног уæлцъар уыдзæн гранитæй æмæ бирæваг суыдзæн. Суанг 100 азы онг. Куыстытæн бахъæудзæнис 150 милуан сомы». Ныр уал проспекты цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны сты. Фæлæ, уалдзæгмæ горæты цæрджыты цæстыты ахаддзæнис йæ ног хуыз. Къахвæндæгтæ дзы нал уыдзæнис. Ног плиткæ уыдзæнис аив. Уæлахизы 75-юбилеймæ Сæрибары фæз æмæ проспект уыдзысты цæттæ. Сæрды та ма банывыл кæндзысты проспектæн йæ иннæ хай дæр. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Сабырдзинады проспектыл цалцæггæнæн куыстытæ сæ тæмæны бацыдысты
Категория:
Новости и СМИ