Æнцондæрæй!
Республикæйы уазджыты æнцойдзинадæн Дзæуджыхъæуы райдыдтой амонæн нысæнттæ æвæрын. Бæрæг дзы сты куыд абоны объекттæ, афтæ рагон царды `вдисæнтæ дæр. Уый хорз у, уымæн æмæ æнæзындгонд ран адæймаг бирæ хатт стыхсы. Уæвгæ, канд уазджытæн пайда не сты. Бынæттон цæрджытæй искæй исты куы айрох уа, уæд уыдонæн дæр сæ бон у амонæнтæй спайда кæнын. Национ музей, вокзал, кæнæ та базарадон центр ныр хъуамæ республикæйы уазджытæ æнцондæрæй арой. Кæд нырма бирæ не сты, уæддæр. Фæлæ канд уыдонæн пайда не сты ног амонæнтæ. Бынæттон карджын адæм дæр хатт ныссуйтæ вæййынц Дзæуджыхъæуы уынгты. Амонæнтæ сын хъуамæ баххуыс кæной. Бынæттон цæрджытæ æмæ туристты хъуыдымæ гæсгæ, нысæнттæ хъæуынц. Сæ ныхæстæм гæсгæ горæт хуыздæр бамбарынæн хъомысджын фæрæз сты. Чырæ телефонты `ххуыс дæр мæ нал фæхъæуы, фæндаг ссарын. Нысæнтты хъæугæдзинад стыр кæй у, уый тыххæй дзурынц специалисттæ дæр. Паддзахадон бюджетон кусæндон «Наследие Алании»-йы директор Габойты Людмилæ: «Мæнмæ гæсгæ, ацы хъуыддаг у тынг пайда. Фыццаджыдæр дзы хъæуы раст информаци фыссын, æнæ аиппытæй. Ома, ирон, уырыссаг æмæ англисаг æвзæгтыл домæнтæ хынцгæйæ». Кæд ацы фæндаггон нысæнттæ махæн ногдзинад сты, уæддæр дзы ныридæгæн кæнынц рæдыдтытæ. Зæгъæм, тамако уадзæн фабрикæ бабастой Евгений Вахтанговы номимæ. Кæм ис æмæ йæм æцæгæйдæр уыдис ахæм куыстуат, уый цæмæй бæрæг у? Рæдыдтытæ кæнынц англисаг нæмтты дæр. Цыбыр рæстæгмæ сæ ссардтой æмæ сæ аиуварс кодтой. Паддзахадон бюджетон кусæндон «Наследие Алании»-йы директор Габойты Людмилæ: «Ацы тамакоуадзæн бæстыхай баззад нæ курдиаджын режисеры фыдæй, йæ ном Баграт. Йæ фыды ном – Сергей. Цымыдисаг уымæй у, æмæ йæ сарæзтой ужды рæстæджы промышленнон куыстуæттæ амайыны фæткмæ гæсгæ». Цæгат Ирыстоны райрæзты агентады куыд радзырдтой, афтæмæй нысæнттæ фæндæгтыл æвæрыны хæс у стыр проекты иу хай. Хæссынц æй Цæгат Ирыстон-2030 азмæ райрæзты стратегимæ. Ис программæ «Развитие внутреннего туризма», зæгъгæ, уый фæлгæты. РЦИ-Аланийы райрæзты агентады туризмы хайады разамонæг Карсанаты Олег: «Ис нæм сæрмагонд программæ. Уымæ гæсгæ нæ равдисинаг объекттæм бафтыны уавæртæ кæнæм ноджы æнцонвадатдæр. Кæмдæрты информацион фæйнæджытæ нæй, кæмдæр фæндæгтæ нарæг сты. Мæ зæрдæ дарын, афæдзы кæронмæ ацы хъуыддæгтыл ахадгæ куыст кæй бакæндзыстæм». Проект æххæст кæныны рæстæгмæ фæнд кæнынц 100 навигацион нысаны сæвæрын. Уымæй уæлдай ма ахуыр кæндзысты гидты, иртасдзысты туристты зæрдæмæдзæугæдæр бынæттæ æмæ Цæгат Ирыстоны ном парахат кæндзысты дунейыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æнцондæрæй!
Категория:
Новости и СМИ