Адæмы риссаг фарстатæ
Уæрæсейы Президенты исæн уаты уыд адæмимæ фембæлд. Ацы хатт цæрджыты фарстатæн дзуапп лæвæрдта Уæрæсейы социалон фæдзæхстады Фонды цæгатирыстойнаг управленийы разамонæг Айларты Зæлинæ. Цалдæр сахатмæ æркаст 15 адæймаджы хъастмæ. Адæмы фылдæр тыхсын кæнынц санаторон-курортон дзæбæхгæнæндæтты лæггæдтæ, компенсациты æмæ льготæты бæрц. Фаг нывылгонд нæу, кæмæн æмбæлынц, уый дæр. Фонды кусджытæ куыд æмбарын кæнынц, афтæмæй æппæт фарстатæн уыцы-иу рæстæн дзуапп радтæн нæ вæййы. Сæ бæрны чи нæй, уыцы фарстатæ арвитдзысты профилон организацитæм æмæ, сыл дзуапп чи дæтты, уыдонмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Адæмы риссаг фарстатæ
Категория:
Новости и СМИ