Майрæмададжы бырондон
Фæдисхъæр райхъуыст Майрæмадагæй. Цæрджытæ сабухтой, быроны бын кæй фесты, уый тыххæй. Адæм, зæгъынц, сæ фæстæ не `фснайынц. Афтæмæй та фæлладуадзæн рæстæг нырма æрæджы райдыдта. Уæвгæ канд Майрæмадаг нæ тыхсы хауæддзæгты бæрцæй. Республикæйы цыдæриддæр фæлладуадзæн бынæттæ ис, уыдон иууылдæр нычъчъизи кодтой. Кæд уыдзæн уæдæ адæймагæн йæ цæсгом кадыл дзурæг? Дзуапп ссарыныл бацархайдтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Майрæмадаг горæтæн цыма йæ фæсдуар ис, афтæ кæсы адæймагмæ. 15 минутмæ æрдзы хъæбысы балæудзынæ. Хуыцау дæр йæ бæллæх хъæуыл уымæн авæрдта – фæлладуадзджыты дзугтæ æхсæвæй-бонæй Майрæмададжы донбылты ридтæдтай кæнынц. Сыгъдæг уæлдæф, цæугæдоны хæл-хæл, нозтдзæф зæрдæйы ахаст – æмæ адæймагмæ цæрын æрцыдис. Куыд гæнæн ис, афтæ сын аразынц уавæртæ дæр. Бандæттæ, стъæлттæ æмæ æндæр ахæмтæ. Фæлæ ма æфсæст æмæ хъæлдзæг адæймаджы йæ фæстæ чи бафснайын кæндзæн. Ничи! Уымæ гæсгæ дзы иу иннæйы сæрыл самайынц быроны обæуттæ. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй Майрæмададжы æрдзы рæсугъддзинад йæхимæ бирæты æлвасы. Фæлæ адæмы бырæттæ æфснайынæй хъæуккæгтæ арвмæ асинтæ æвæрынц. Ацы зæхх ис Алагиры районы бæрны, раттынц æй хаццоны. Фæлæ дарддæр закъон чи æмæ куыдтæтæ `ххæст кæны, уый ничи зоны. Администрацийы куыд зæгъынц, афтæмæй ма Майрæмададжы алфамблæйттæ сыгъдæг кæнынмæ кæд рады слæууой, æндæр сæ сæрæн ницыуал зонынц. Майрæмададжы хуызæн бынæттæ Цæгат Ирыстоны иу æмæ дыууæ нæй. Бынæттон цæрджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй искуы-иу хатт уавæрмæ цæст æрдарын фаг нæу. Фаг цы у, уыйтыххæй та сæм ис хицæн хъуыды. Адæм се `дзæсгомдзинады æмæ æнæфсармы уацары куы бахауынц, уæд ма дын уыдон ивартæй тæрсынц? Куыннæ стæй. Алцыдæр бинонтæй аразгæ у. Æмæ кæд бынæттон цæрджытæ се `рлæууæнтæ быроны бын фæкодтой, уæд ма нæм цæй турист æрцæудзæн? Иу хатт чъизитæ чи фена, уый дыккаг хатт йæ дыууæ хъусæй дæр нал æрбаласдзынæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Майрæмададжы бырондон
Категория:
Новости и СМИ