Битарты Вячеслав раарфæ кодта Гасситы Муратæн
Битарты Вячелав фембæлд Ирыстойнаг боксер Гасситы Муратимæ. Боксæй дунеон чемпион æрдæгфиналы кæй фæуæлахиз, уый фæдыл ын раарфæ кодта. Кадджын мадзалы архайдтой Мураты мад Зæлинæ, тренер Сланты Виталий æмæ йæ промоутер Алексей Васильев. Не мзæххонæы ерыстæм чи бацæттæ кодта æмæ дзы тыхджын спортсмен чи скодта, уыцы адæмæн республикæйы сæргълæууæг загъта «Стыр бузныг». Уæлдайдæр та, йæ мадæн, ахæм лæппуйы кæй схъомыл кодта, уый тыххæй. Зæрдиаг бузныджы ныхæстæ Муратæн загътой хицауады сæрдар Тускъаты Таймураз, спорты министр Бæройты Хасан æмæ республикæйы сæргълæууæджы æмæ хицауады администрацийы разамонæг Челæхсаты Рустем. Куыд бафиппайдтой, афтæмæй дзы иууылдæр тынг сæрыстыр сты. Гасситы Мураты æмæ Юниер ДортИкосы фембæлд æвдыстой дунейы 64 бæстæйы. Æмæ не мзæххон йæхи равдыста æнтысджынæй. Мурат куыд загъта, афтæмæй ацы хатт равзæрста ахæм техникæ, архайдта сабыргай. Тынг бузныг у се ппæтæй дæр. Йæ фарс кæй хæцыдысты, афтæ æнувыд ыл кæй уыдысты - уый йын тых лæвæрдта æмæ йæ кодта уæлахизмæ. Уæлдай бузныг та у республикæйы хицауадæн йæ фарсмæ кæй уыдысты æмæ йын ахæм аргъ кæй кæнынц, уый фæдыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Битарты Вячеслав раарфæ кодта Гасситы Муратæн
Категория:
Новости и СМИ