Гуырдзыстоны авиакомпани фесæфта 25 милуан доллæры
Гуырдзыстоны авиакомпани Уæрæсемæ тæхын кæй нал уадзынц, уый тыххæй æхцайы фæрæзтæй фесæфта 25 милуан доллæры. Уый тыххæй хъусын кæны Гуырдзыстоны авиакомпании Georgian Airways. Финансон хъуыддаг зынгæ кæй аивта, ууыл сæттынц. Авиакомпанийы бахъуыд цы билеттæ балхæдтой, уыдоны 80% фæстæмæ раттын. Уымæй уæлдай ма, зынгæ фæкъаддæр сты, уырдæм билеттæ балхæныны фæнд чи кодта, ахæмтæ дæр. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Гуырдзыстонæй Уæрæсемæ атæхыны фадат нал ис сусæны мæйы 8 бонæй. Ахæм бадзырд бафыста нæ бæстæйы президент Владимир Путин. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Гуырдзыстоны авиакомпани фесæфта 25 милуан доллæры
Категория:
Новости и СМИ