Уæрæсейы бæрæг кæнынц Ахуыргæнæджы бон
Абон Уæрæсейы бæрæг кæнынц Ахуыргæнæджы бон. Уыдон сабиты æфтауынц ахуыры фæндагыл, царды æппæт хорздзинæдтæй кæстæрты хайджын кæнынц. Владимир Путины указмæ гæсгæ 2023-æм аз нымад у ахуыргæнæг æмæ зондамонæджы азыл. Ахæм хуызы бæрзонддæр кæны ацы дæсныйады кад. Æмæ æнтысгæ дæр кæны. Фæсивæд фылдæр се 'ргом здахынц ацы къабазмæ. Уый ахуыргæнджытæй аразгæ у. Абон бæрæгбоны фæдыл ахуыргæнджытæн арфæ ракодта регионы сæргълæууæг Сергей Меняйло дæр. Фæнысан кодта ахуыргæнæджы дæсныйады ахадындзинад. Загъта педагогтæн бузныг.