Дзæуджыхъæуы цæуы телеуынынады юбилейон XX æм æппæтуæрæсеон æркаст «Тэфи регион»

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

1 просмотр

5 лет назад

Æппæтуæрæсеон телеуынынадон æркаст «Тэфи-регион»-ы финалы дыккаг боны хатдзæгты тыххæй æмæ цымыдисаг фембæлдты тыххæй нæ дардæры æрмæджы. Фыццаг дæсныйадæвдисæн ахуыр райдыдта къабазы ахсджиаг фарстатæй. Фидæны видеоконтент. Куыд æй хъæуы аразын, уымӕй дӕр ма регионалон телеуынынады. Канал СТС-ы хайады разамонæг Роман Брызгаловы хъуыдымæ гæсгæ, нырыккон социалон хызæгты руаджы ис адæмы æргом здахӕн бæлвырд фарстатæм. Сæйрагдæр у хи размӕ бæлвырд нысæнттæ сæвæрын. Специалист, теорийæ уæлдай, не 'вгъау кæны йæ фæлтæрддзинад дæр. Дæсныйадæвдисæн ахуырты архайынц республикæйы дзыллон-информацион фæрæзты минæвæрттæ, блогертæ æмæ, ацы къабаз цымыдисаг кæмæн у, уыцы цæрджытæ. Тэфийы лекциты бирæтæ фыццаг хатт не сты. Æмбырды архайджытæ куыд фæнысан кодтой, афтæмæй кæдфæндыдæр вæййынц цымыдисаг. Адæймаг дзы райсы, фидæны æнæмæнг кæмæй спайда кæндзæн, ахæм зонындзинæдтæ. «Тэфи»-йы архайджытæм разæй нырма кæсы цымыдисаг бон. Программæмæйы: тымбыл стъол, интернеты тыгъдады фæлывдзинæдты тыххæй лекци. Уыимæ ма зындгонд журналист, Уæрæсейы телеуынынады академийы уæнг Михаил Кожуховимæ фембæлд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv