Раздзоджы æххæстæй фæзындзæн нуазыны дон
Раздзоджы æххæстæй фæзындзæн нуазыны дон. Ныридæгæн дзы цæуы хызæгты бындурон цалцæг. Уый тыххæй йæ тæлеграм каналы фехъусын кодта Сергей Меняйло. Хæтæлтæ сæвæрдтой 20 азы размæ. Уæдæй нырмæ ивд нæ уыдысты. Дон къуылымпытимæ кæй цæуы, уый фæдыл курдиæттæ адæм æрвыстой æппынæдзух. Сæргълæууæг Доны куыстуатæн бабар кодта фарста раиртасын. Зæронд хызæгтæ - уый иу хъуыддаг. Хъæуы ис 2 донцъирæны. Алкæцыйы дæр цæуы 500 кубометры. Донуæттæ сты зæронд. Ныртæккæ сæ кусы æрмæст иу. Иннæ у фæзтытæ. Специалисттæ 6 километры уаццаджы сæвæрдзысты полиэтиленæй конд хæтæлтæ, бауадздзысты сæ суанг хæдзæртты онг. Ныртæккæ зæхх ныкъахтой Гусаты 'фсымæрты уынджы. Дарддæр куыстытæ æххæст кæндзысты Пролетарская æмæ Ленины номыл уынгты. Бындурон цалцæджы фæстæ хъæуы цæрджытæм дон кæлдзæн æнæкъуылымпытæй.