Республикæйы рæзты вазыгджындæр фарстатыл æрныхас кодтой хицауады æмбырды
Республикæйы рæзты вазыгджындæр фарстатыл æрныхас кодтой хицауады æмбырды. Амыдта йæ премьер Дзанайты Барис. Æркастысты республикон инвестицион программæмæ. Хицауады сæрдар куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй ма иу хатт хъæуы раззагдæр объектты арæзтадмæ æркæсын, федералон æмæ республикон бюджеттæй сæ арæзтадæн цы фæрæзтæ дихгонд цæуынц, уыдон ма иу хатт банымайын. Æппæты фыццагдæр та хъæуы нæ бæстæйы Президент, премьер-министр æмæ республикæйы разамонæджы хæслæвæрдтæ сæххæст кæнын. Инвестицион программæмæ та ма хъуамæ республикæйы финансты министрад æркæса æмæ йын аргъ скæна. Æмбырды ма ныхас кодтой, Сергей Меняйло Мæздæджы районмæ балцы фæстæ цы амынддзинæдтæ радта бæрнон кусджытæн, уыдоны тыххæй дæр. Афтæ хъæу Чысыл Малгобекмæ уал дон ласынц. Къуырийы дæргъы дзы инженерон хызтимæ фарста аиуварс кæндзысты. уый тыххæй фехъусын кодта дзуапдæттæг министр Таматы Майрæн. Уæдæ дзы сæ къоладзаутæн дæр автобус фæзындзæн. Стæй ма бынаты кусын райдайдзæн фелсыр дæр. Хицауады уæнгтæ ма æркастысты Запорожьейы облæсты Черниговы районæн æххуыс куыд арæзт цæуы, уыцы фарстатæм дæр. Ныртæккæ район ис республикæйы бæрны. Дзанайты Барис куыд фæнысан кодта, афтæмæй ахсджиаг у федералон центр цы хæстæ сæвæрдта, уыдон афоныл баххæст кæнын.