Змейкæйы дондзæуæн системæйы рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны

Змейкæйы дондзæуæн системæйы рацарæзт кæронмæ фæхæццæ кæны. Уый тыххæй фехъусын кодта бынæттон администрацийы сæргълæууæг Дзуццаты Эльбрус. Хъæуы уынгты ауагътой нырыккон хæтæлты 42 километры, фæлæудзысты 50 азы бæрц. Гидранттæ æмæ цъайтæ ис алы кварталы дæр. Ныртæккæ, фæндæгтæ кæм скъахтой, уым асфальт æвæрынц. Куыстытæ цæуынц "Æнцонвадат цæрæнуæттæ æмæ коммуналон лæггæдтæй ифтонг кæныны" федералон программæмæ гæсгæ. Рахай сын кодтой 200 млн соммæ ввахс. Объекты цæттæдзинады æмгъуыд у 20-æм декабры онг, фæлæ куыстытæ æххæстгæнджытæ зæрдæ æвæрынц, сæ куыст ацы мæй кæй фæуыдзысты, уымæй. Ног хызæг ма ссыгъдæг кæндзысты æмæ доны æнæкъуылымпы цыдæн хъæугæ гæрзтæ сæвæрдзысты. Ацы фарста бынæттон цæрджыты дæсгай азты дæргъы тыхсын кодта.

Иконка канала IRYSTONTV
1 463 подписчика
12+
21 просмотр
3 года назад

, чтобы оставлять комментарии