Æнæхъæн аграрон туристон хъæу фæзындзæн Цæгат Ирыстоны
Æнæхъæн аграрон хъæу, уыимæ ма туризмимæ баст чи уыдзæн, ахæм фæзындзæн Цæгат Ирыстоны. Уый тыххæй хицауад цæттæ у æмбæлгæ æххуыс бакæнынмæ. Фæнд æй кæнынц саразын Алагиры районы, Хохы Карцамæ хæстæг. Фæрæзтæ рахай кæндзысты хъæууон хæдзарад, арæзтад æмæ архитектурæйы, стæй экономикон райрæзты министрадты цы сæрмагонд республикон æмæ федералон программæтæ ис, уыдоны фæлгæты. Æмбæлгæ æвæрæн хъуамæ бахæсса нæ республикæйы фæндæгты хæдзарады комитет дæр. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны сæргълæууæг Битарты Вячеслав проектон офисы æмбырды. Архайджытæ æркастысты амалхъом адæйæмаг Дзебысаты Таймураз цы проект бацæттæ кодта, уымæ. Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы аграрон хъæуы фылдæр æргом хъуамæ аздахой фосдарыны куыстмæ. Пъланы ма нысангонд ис бæхты дзугтæ æмæ мыдыбындзтæ фылдæр кæнын. Хæстæгдæр рæстæг сæ нымæц фæнд кæнынц 4 хатты фæфылдæр кæнын. Уый тыххæй районы хицауад радих кодта 500 гектары зæхх. Фос хизынæн дзы ис æппæт уавæртæ. Сараздзысты дзы цæрынæн хæдзæрттæ дæр. Уыйдон та туристты æргом раздахынмæ. Фадат сын уыдзæн хъæууон хæдзарады авналæнтимæ базонгæ уæвын, уыимæ ма дзы скæндзысты тезгъо кæнынæн æмæ квадроциклтыл дугъ кæнæн фæзтæ. Битарты Вячеслав бахæс кодта цæмæй уыцы хъуыддæгтæ къухы бафтой, ныртæккæ æмбæлгæ инфраструктурæйыл кусын райдайын. Фыццаджыдæр уал бынатмæ фæндаг саразын, проектыл бакусдзæн профилон комитет. Ахæм хъуыды - агротуризм, зæгъгæ, нæ республикæйы апа хат кæнын, ног кæй у, уый тыххæй йæм цæудзæн лæмбынæг цæстдард. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Æнæхъæн аграрон туристон хъæу фæзындзæн Цæгат Ирыстоны
Категория:
Новости и СМИ