Ма `рлæуу
Фæндаджы астæу чи æрлæууа, уый фылдæр ивар хъуамæ бафида. Фæлхасгæнджыты бартæ хъахъхъæныны цæдисы куыд зæгъынц, афтæмæй уый пайда уыдзæн хæдтулгæты цыд ма фæстиат кæнынæн. Уый хыгъд, Уæрæсейы Федерацийы Æхсæнадон палатæйы уæнг Дмитрий ЧугунОв ахæм хъуыдыимæ разы нæу. Куыд зæгъы, афтæмæй ивддзинæдтæ сфидар кæнын æнцон нæ уыдзæн. Ивар куыд кæндзысты, уый бæлвырдгонд нæма у. Фæндаджы астæу фæткхалджыты æрцахсын зын уыдзæн. Разы не сты эксперттæ дæр. Сæ ныхæстæм гæсгæ, ивары бæрц æнæ ногдзинæдтæй дæр бирæ у Мæскуы æмæ Санкт-Петербурджы. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Ма `рлæуу
Категория:
Новости и СМИ