Хæдзар - дæлбылмæ?

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

4 просмотра

8 лет назад

Уæдæ райдайæм. Ирон цард цæмæй фидауы, ирон æгъдау-иу фæлтæрæй-фæлтæрмæ кæм алæвæрдтой, ахæм рæттыл Дзæуджыхъæуы уавæрты нымад уыдысты кæртыты хæдзæрттæ. Сыхаг-иу сыхаджы куывдыл ам бацин кодта, фæстаг фæндараст дæр-иу ам загътой йе `цæг дунемæ цæуæгæн. Фæлæ рæстæг æнæзмæлгæ никуы уыд. Адæмы цард куыд ивта, автæ æндæрхуызон кодтой сæ ахастытæ дæр. Ныр ма уыцы хæдзæрттæ сæ раздæры хæстæн дзуапп дæттынц æви нæ, уый дыууæйыл у. Къахæй ирон фарныл ныллæууын кæй нæ фæнды, уыдон сæ хъахъхъæнынц æмæ сæм зилынц. Йæхæдæг æгуыдзæг чи у, уыдонæн та сæ кæртыты хæдзæрттæ гæныстонæй лæууынц. Фæлæ цæст кæмæ нæ дарай, уымæн ног хицæуттæ дæр фæзыны. Афтæмæй дзы бирæтæ систы нозт æмæ æндæр ахæм æнæпълан митæн бынæттæ. Уæдæ чи у фæзминаг æмæ кæй хæдзар фехæлд? Къостайы номыл проспекты кæрты хæдзар сарæзтой 80-æм азты. Уый размæ сæ хæдзар уыд сæ 10-æм уæладзыджы. Алы бахизæны цæрджытæн дæр дзы уыд йæхи хай. Æххæст уыдысты алы фадæттæй сæ цин æмæ цардыуаджы æндæр хабæрттæ дæр сбæрæг кæнынæн. Фæлæ, рæстæг куыд цыдис, афтæ уыцы ирон хæдзар дæр заууат ранмæ фæхæццæ. Стæй адæмы уæлæмæ хизын дæр, æвæццæгæн, нал фæндыд. Уæд æй сарæзтой кæрты. Цæрджыты ныхæстæм гæсгæ, раздæр-иу куыд арæх æрбамбырд сты, афтæ ныр, хъыгагæн, нал у. Вæййы афтæ, æмæ дзы иуæй-иу хатт æнæхсæст митæ дæр фæкæнынц. Чысыл дарддæр кæртытыл ацæугæйæ федтам зынгæ хуыздæр уавæры хæдзар. Кæд æй 89-æм азы сарæзтой, уæддæр æм кæрты цæрджытæ æппынæдзух зилынц. Цалдæр хатты йæ цалцæг дæр бакодтой. Кæм сæм депутаттæ фæкастысты, кæм та сæхи хъарутæй. Æппæт хъæугæ уавæртæ дæр дзы сарæзтой. Нæ горæты ног арæзт бирæуæладзыгон бæстыхæйтты кæртыты ахæм хæдзæрттæ сæ фылдæры нæй. Зæгъæм, Цоколайы-фырты номыл уынджы кæрты цæрджытæ хæст сты иу хъуыдыйыл. Нæ сæ хъæуы ахæм хæдзар. Нæ цæхæркалгæ цæрæнбынат, дам, нын æнаив кæндзысты. Адæм сты нырыккон хъуыдыйыл хæст æмæ сæ фæстæзад уæвын нæ фæнды. Ирон хæдзар нымайынц фæстæзад хабарыл. Цыфæнды уæд, ахæм хæдзæрттæ фенæн ис æрмæстдæр Дзæуджыхъæуы. Уый у, Ирыстонæй дарддæр чи не `мбæлы, ахæм фæзынд. Хорз уаид, æмæ фыццаг цæмæн арæзт уыдысты, уыцы нысаниуæг сын куы баззаид. Æндæр бæстæйы сын, гæнæн ис, æмæ стыр историон ахадындзинад уаид. Туристтæ сæм диссагæн уынынмæ цæуиккой. Бæргæ, ныр дæр афтæ куы уаид. Фæлæ уал нæ цæстыты раз хаттæй-хатт цы пырх арæзтæдтæ уынæм ирон хæдзæртты номыл, уыдоны уындæй адæймаг къæмдзæстыг кæны. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Хæдзар - дæлбылмæ?

Категория:

Новости и СМИ