Гуырдзиаг телеканал «Рустави 2» фæстæмæ кусын райдыдта

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

7 лет назад

Эфиры нал рацыд 8-æм июлы æхсæвы, йæ амонджытæй иу Уæрæсейы Президент Владимир Путины ныхмæ чъизи дзыхæй æнæмбæлгæ ныхæстæ куы скалдта, уый фæстæ. Телеканалы дарддæры куысты тыххæй компани официалон æгъдауæй ницы загъта. Йæ директор Ника Гварамияйы ныхæстæм гæсгæ, телеканалы кусджытæн тæссаг у, алырдыгæй сæм хъастгæнджытæ кæй лæбурынц, уымæй. Бирæ адæм рацыдысты телеканалы бæстыхайы цурмæ митингмæ. Компанийы директор ма бахатыд Мидхъуыддæгты министрадмæ, цæмæй журналистты æдасдзинадмæ сæ цæст дарой. Митингмæ адæм æрбацыдысты, телеканалы амонæг Георгий Габуния Путины тыххæй цы æнæуаг æмæ гуымиры ныхæстæ радзырдта йæ авторон программæ «ПостСкриптум»-ы эфиры, уый фæстæ. Гуырдзыстоны президент Саломе Зурабишвили рафаудта Габунияйы. Паддзахады разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, журналист йæхи куыд дардта, уый гуырдзиаг æгъдауæй лæууы тынг дард. Уымæй уæлдай ма халы дыууæ бæстæйы 'хсæн ахастдзинæдтæ дæр. Уæвгæ, уыцы амонæг исты `фхæрд баййафдзæн æви нæ, уый тыххæй Президент ницы загъта. Сæ хъуыдытæ адæм сæ разамонæгæй бæлвырддæрæй раргом кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Гуырдзиаг телеканал «Рустави 2» фæстæмæ кусын райдыдта

Категория:

Новости и СМИ