Дзæуджыхъæуы 13 æм скъолайы ахуырдзаутæ ис ирон æрмдæсныты къорд
Бæлас дам талайæ тасы - афтæ иу дзырдтой нæ фыдæлтæ. Тала, зæгъгæ ахæм номимæ ирон адæмы æрмдæснытæ, музыкалон инструменты зæлтæ, æмæ хъæзтытæ бахъахъхъæнын, уыимæ сæ парахат кæнын - ахæм хæс сæ размæ сæвæрдтой Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы ахуырдзаутæ. Ныр 3 азы дæргъы сæхи фæлварынц алыхуызон æрмдæсныты. Бирæ хат вæййынц алыхуызон конкурсты æмæ фестивалты уæлахиздзаутæ. Скъоладзаутæн ацы куыст сæ зæрдæмæ уæлдай тынг цæуы. Ацы æвзонг лæппутæ канд хъазынмæ саран не сты. Арæхсынц ма дала фæндырыл цæгъдынмæ дæр. Лæппутæн ацы хъуыддаг сæ зæрдæмæ тынг цæуы. Куыд зæгъынц афтæмæй музыкалон инструментыл æнцонæй сахуыр сты. Кæд бирæтæ тыччытæй æмæ хъулæй хъæзтыты тыххæй зонгæ дæр нал кæнынц, уæд дзы ацы сæрæнгуырдтæ та ерыстæ дæр саразынц. Къордгай амбырд вæййынц æмæ сæ арæхстдзинад равдисынц нæ фыдæлты хъæзтыты. Лæппутæй дæлдæр нæ лæууынц чызджытæ дæр. Пирынмæ æмæ лвисынмæ сæхицæй сæрæндæр нæй. Талаты разамонæг Берозты-Танделаты Розæ сывæллæттимæ зæрдæргъæвдæй кусы. 3 азы дæргъы йæ хъомылгæнинæгты ахуыр кæны быйын æмæ хуыйын. Йæ ныхæстæм гæсгæ, алы саби дæр у æгæрон курдиаты хицау. Ахуыртæ къуыри дыууæ хатты вæййынц. Сывæллæттæ сæм зæрдиагæй цæуынц. Гæххæтæй, æлыгæй æмæ хъæдырмæгæй алыхуызон дзаматæ аразынц. Сæ куыстæ равдисынц нæ республикæйы алхуызон культурон мадзæлтты. Уым сын скæнынц стыргъ аргъ. Ацы сывæллæттæ нæ рагфыдæлты культурæ кæй бахъахъхъæндзысты уый дызæрдыккаг хъуыддаг нæу. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Дзæуджыхъæуы 13 æм скъолайы ахуырдзаутæ ис ирон æрмдæсныты къорд
Категория:
Новости и СМИ