Афæдзы `рдæгмæ фыдракæндты нымæц фæкъаддæр ис дыууæ хатты
Афæдзы `рдæгмæ фыдракæндты нымæц фæкъаддæр ис дыууæ хатты. Уый тыххæй фехъусын кодта Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков журналисттимæ фембæлды рæстæг. Куыд загъта, афтæмæй барæй лæгмæрдты нымæц фæкъаддæр 14-æй 6-мæ. Давыны тыххæй цаутæ 43-йæ – 36-мæ. Уымæй уæлдай ма фæкъаддæр ис, нозтджынæй æхсæнадон бынæтты цы фыдракæндтæ æрцæуы, уыдоны нымæц дæр. 6 мæймæ ахæм цаутæ сбæрæг кодтой 36. 27 та раиртæстой гæрттæмттæ исынимæ баст фыдракæндтæ. Фæлæ министр куыд радзырдта, афтæмæй аиуварсгæнинаг хъуыддæгтæ нырма бирæ сты. Уæлдай æргом здахынц цæстфæлдахæн митимæ баст цаутæм. Фæлæ ахæм фыдракæндты нымæц дæр къаддæр кæны. Ацы азы райдианæй фæнысан кодтой 184 æнæзакъон цауы мобилон бастдзинадимæ. РЦИ-Аланийы мидхъуыддæгты министр Михаил Скоков: «Ныртæккæ интернеты тыгъдады фыдгæнджытæн ис бирæ гæнæнтæ. Уыдон æхца бакусыны адæргæй арæх саразынц цæстфæлдахæн митæ. Адæмæн интернеты бирæ лæггæдтæй спайда кæныны фадат кæй фæзынд, уый арæх расайы гæды ми цаутæм. Арæх сæ фæстиуджыты дæр хорзæй ницы вæййы». Михаил Скоков ма дзырдта фæндæгтыл цауты тыххæй. Фæндаггон фыдбылызты нымæц фæкъаддæр ис видеоцæстарды системæйы руаджы. 6 камерæйæ фылдæр сæвæрдтой республикæйы районты. 20 та Дзæуджыхъæуы. Видеоцæстдарды 21 системæйы фæзынд федералон фæндæгтыл. Министрады уæлдай æргом здахынц наркотиктæ зилдух кæныны хъуыддагмæ. 6 мæйы æмгъуыдмæ пъæлицæйы кусджытæ байстой 18 килограммы наркотиктæ. 376 адæймаджы ныхмæ байгом кодтой уголовон хъуыддæгтæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Афæдзы `рдæгмæ фыдракæндты нымæц фæкъаддæр ис дыууæ хатты
Категория:
Новости и СМИ