Лалыты Левæн радтой арфæйы фыстæг
Райгуырæн зæххмæ уарзондзинад æмæ æгæрон фæндон бахъуаджы заман, æххуысцух чи у, уый фарсмæ балæууын. Ахæм фæткыл хæст уӕвгӕйӕ бирæ азты зæрдæргъæвдæй кæй кусы, уый фæдыл арфæйы фыстæг райста Дзæуджыхъæуы ветеранты советы сæрдар Лалыты Лев. Кадджын уавæры йæ схорзæхджын кодта Паддзахадон думæйы депутат Мæхъиты Зураб. Лалыты Лев æххуыс æмæ разæнгард кæны, зын уавæры чи бахауд, уыдоны. Йæхи дæнцæгæй æвдисы, цыфæнды зындзинæдты сæрты дæр ахизæн кæй ис, уый. Дыууæ азы размæ йæ цæст дарын райдыдта Октябрскæйы хъæуккаг Бураты бирæсывæллонджын бинонтæм. Æнæ фыдæй дзы баззадысты 4 сывæллоны. 90-æм азты та баххуыс кодта Камбилеевскæйы хъæуккаг Куыдзиаты бинонтæн. Ацы номхыгъд ма ис адæрддӕр кæнӕн. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, Хуссар Ирыстоны трагикон цауты рæстæг хъæбатырдзинад кæй равдыста, йæхиуыл кæй нæ ауæрста, уый фæдыл æй раздæр схорзæхджын кодтой «Ирыстоны намысы» майданæй.