Донивылдтытæй хъыгдæрд бынæтты хыгъд кæронмæ баххæст кæндзысты 2024 азмæ
Арæхдæр донивылдтыты рæстæг хъыгдæрд цы фæзуаттæ æййафынц, уыцы объекттæ æмæ бынæтты хыгъд кæронмæ баххæст кæндзысты 2024 азмæ. Уый тыххæй Сергей Меняйло фехъусын кодта Уæрæсейы президенты æххæстбарджын минæвар Цæгат Кавказы Юрий Чайка цы æмбырд амыдта, уым. Регионы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, донивылдтытæй тæссаг бынæттæм 2019 азæй каст цæуы уæлдай æргом. Зынгсирвæзтытæй æмæ æнæнхъæлæджы цаутæй адæмы бахъахъхъæнын у хицауады сæйраг хæс — фæнысан кодта Юрий Чайка. Уый фæдыл цæрджыты æдасдзинадæн специалисттæ аразынц хъæугæ мадзæлттæ. Сæрмагондæй уарынты агъоммæ базилынц æмæ ссыгъдæг кæнынц хъæутæм`ввахс донвæдтæ. Бафидар кæнынц былгæрæттæ. Уый руаджы донивылдæй тас нал вæййы, бынæттон цæрджыты цард æмæ исбон хъахъхъæд æрцæуы. Сиренæтæ æмæ хъæрæй дзурæнты системæйы куыстмæ Юрий Чайка аздæхта уæлдай æргом. Сбæрæг кæнын хъæуы æнæнхъæлæджы уавæртæм цæттæдзинад. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv