Хъайтары юбилей

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

Райсом Цæгат Ирыстоны у стыр бæрæгбон. 115 азы æххæст кæны дунейыл зындгонд инæлар, Советон Цæдисы хъæбатыр Мамсыраты Хаджумары райгуырдыл. Йæ фыдыуæзæджы хъæу Ольгинскæйæн ацы бон у уæлдæй ахсджиаг. Арæзт дзы `рцæудзысты бæрæгбоны мадзæлттæ. Куыд цæттæ кæнынц республикæйы цæрджытæ нæ зындгонд æмзæххоны юбилеймæ, уый базыдтой не сфæлдыстадон къорды уæнгтæ. Йæ ном æрмæст нæ республикæйы хъуыстгонд нæу. Инæлар Мамсыраты Хаджумар, Советон Цæдисы хъæбатыр! Дунеон историйы йæ ном сызгърин дамгъæтæй фыст æрцыд. Хæстонтæн нырма бирæ азты уыдзæн дæнцæгæн хæссинаг. Йе сгуыхтдзинæдты кой абон дæр ма кæнынц, йæ номæн æмбæлгæ кад кæнынц. Ольгинскæйы скъолайы та уæлдайдæр. Мамсыраты Хаджумар ацы хъæуы райгуырд. Йæ номыл ам ис чысыл музей дæр. Фенæн дзы ис йæ къамтæ æмæ историон гæххæттытæ. Æмбырд сæ æнæхъæн хъæуæй кодтой. Музейы æмæ хъæуы цæрджытæ сæхицæн хæсыл нымайынц кæстæр фæлтæрæн се сгуыхт æмзæххоны тыххæй дзурын, амонын, хъахъхæнын хæстонты кад. Скъоладзаутæн ацы бæстыхайы саразынц экскурситæ. Фыццаг къласмæ чи бацæуы, уыдоны фыццаджыдæр базонгæ кæнынц ацы музейы экспонаттимæ. Мамсыраты Хаджумар гуырæнбон та алы аз дæр æгас хъæуæй сбæрæг кæнынц. Дзæуджыхъæуы архивон службæйы Мамсыраты Хаджумары тыххæй бирæ историон гæххæттытæ ис – кæм службæ кодта, цæмæй, цæй тыххæй æмæ кæд хорзæхгонд æрцыд æмæ йæ сгуыхтдзинæдты тыххæй. Æрбарвыстой сæ хъахъхъæнынады министрады Подольскы архивæй. Фенæн дзы ис йæ дипломтæ æмæ æмбал кæмæн нæй, ахæм къамтæ. Ацы гæххæттытæн аргъ нæй æмæ сæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнынц. Музейы кусджытæ саразынц равдыстытæ дæр æмæ сæм æрбахонынц хъæуы хистæрты æмæ кæстæрты. РЦИ-Аланийы нырыккон историйы паддзахадон архивы историкон-политикон центры директор Уаниты Эльвирæ: «Мамсыраты Хаджумары юбилеймæ ацы аз мах сног кодтам фароны экспозици. Бафтыдтам ма йæм ног æрмæг. Адæм та йæм фенынмæ, æнæмæнг, æрбацæудзысты. Ууыл дызæрдыг нæ кæнын. Æрбахондзыстæм та ахуырдзауты дæр. Бацæттæ кодтам æрмæджытæ сайтмæ æмæ республикон газет "Северная Осетия"-мæ». Фæлæ уæлдай стыр хæзна у Хаджумары райгуырæн чысыл хæдзар Ольгинскæйы хъæуы. Бирæ азты йыл адæм быцæу кодтой. Кæмæндæртæн иу йæ уавæрæй сæ цæсгæмттæ ссыгъдысты. Хъуыддаг афтæ у æмæ дæсгай азты хæдзар-мудзей заууат уавæры уыд, каст æм нæ уыд æмæ быронæй байдзаг. Æхсæнад æм йе ргом куыд раздæхта, уæд æй бафснайдтой, бырæттæ раластой. Фæлæ та ууыл куыстытæ бамынæг сты. Фæлæ æрæджы нæ бæстæйы сгарджыты сæйраг управлени, активисттæ æмæ меценатты æххуысæй хæдзар райдыдтой цалцæг кæнын. Куыстыты фылдæр хай ныридæгæн конд фесты. Хæдзар ссыгъдæг кодтой, сцалцæг æй кодтой. Ныр зилынц кæртмæ, ам фæнд кæнынц чысыл мемориалон комплекс саразын, Хаджумары бюст дзы сæвæрын, йæ майдантæ равæрын. Хæдзары ма саразынмæ хъавынц къамты æмæ сгуыхт хæстоны гæххæттыты равдыст дæр. Национ музейы разамынд цæттæ у хъæуы музеимæ æмгуыст кæнын. Фæлæ æнæлыггондæй баззад æндæр фарста: чи кæсдзæн хæдзармæ, кæй бæрны уыдзæн, хъæугæ куыстытæн æхца чи дæтдзæн? Нæ республикæйы культурæйы министрады нын куыд загътой, афтæмæй хæдзар-музей у национ музейы хай. Музейы та загътой, иуæй сæм бардæттæг гæххæттытæ кæй нæй, уый. Иннæмæйта сæм æхцайы фæрæзтæ дæр нæй. Сæйрагдæр фарста - кæй бæрны ис Мамсыраты Хаджумары хæдзар – дзуапп радтын сæ бон не сси. Афтæмæй та цæмæй музей куыд æмбæлы, афтæ куса, уый тыххæй хъæуы закъоны домæнтæ æххæст кæнын. Экспонаттæ æмбæлгæ уавæры дарын æмæ музейы кусджыты ссарын. Æркæсинаг фарстатæ бирæ ис, дзуапп та сын нæма ис. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv

Название:

Хъайтары юбилей

Категория:

Новости и СМИ