Танкты дæлхайæдтæн сарæзтой сæрмагонд тактикон ахуыртæ Цæгат Ирысоны полигоны
Танкты дæлхайæдтæн сарæзтой сæрмагонд тактикон ахуыртæ Цæгат Ирысоны полигоны. Æфсæддон ахуырадон центрты рауагъдонтæ быдыры уавæрты цыдысты ахуыртæ - алы хуызты мæнгуавæрты равдыстой сæ цæттæдзинад. Ахуырты æфсæддонтæ пайда кодтой танктæ Т90-æй, БМП-тæй, гранатометтæ æмæ æхсæн хæцæнгарзæй. Æцæг уавæртæм хæстæг цæмæй уыдаиккой ахуыртæ, уый тыххæй цалынмæ иу танк æхсгæ кодта, уæдмæ иу иннæ та хæцæнгарзæй ифтыгътой. Æхстыты Тарскæйы полигоны архайдтой 300 æфсæддонæй фылдæр æмæ техникæйы 50 иуæджы. Танкисттæ сæ арæхстдзинад æвдыстой куыд бынаты, афтæ змæлгæ мысантæ къуыргæйæ. Службæгæнджытæн хъуамæ цырд фæлæуыдаиккой æнæнхъæлæджы ивгæ уавæртæм. Æфсæддонтæ сæ арæхстдзинад æвдыстой куыд бонæй, афтæ æхсæвыгон дæр. Ахуырты фæрцы батальонты командыгæнджыты фæлтæрддзинад фæуæлдæр уыдзæн. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Танкты дæлхайæдтæн сарæзтой сæрмагонд тактикон ахуыртæ Цæгат Ирысоны полигоны
Категория:
Новости и СМИ