Фидæныл ныхас
Цæгат Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты проектмæ 2030 азы онг æркастысты 12 федералон кусæндоны. Нæ республикæйы хицауады сæргълæууæджы хæдивæг Фадзайты Æхсарбег куыд фехъусын кодта, афтæмæй документы сæйраг хæслæвæрдтæ баст сты республикæйы райрæзтимæ. Кусæг къорды сты профилон министртæ, депутаттæ, амалхъом адæм æмæ æхсæнадон организациты архайджытæ. Сæ хæсыл нымайынц проектмæ хъæугæ ивддзинæдтæ бахæссын, цæмæй йæ нæ республикæйы парламенты размæ æрæвæрой æмæ йæ закъонадон æгъдауæй сфидар кæной. Уымæй уæлдай ма æрныхас кодтой электрон тых æмæ æндæр ахæм хорзæхтæн фæстауæрцгæнæн мадзæлттыл. Фадзайты Æхсарбег куыд фæнысан кодта, афтæмæй алы стратегион къахдзæф дæр домы профилон министрадты æмгуыстад. Алкæуыл дæр дзы хъæуы архайын къæпхæнгай. Хицауад æмæ бынæттон хиуынаффæйады уæнгтæ ма сæ цæст дардзысты хауæццæгты регионалон программæмæ. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Фидæныл ныхас
Категория:
Новости и СМИ