Цавæр ног хæстæ сæвæрдзысты
Куыд бафиппайдта, афтæмæй раздæрау стыр æргом здахдзæн социалон уавæртæм, ахуырад æмæ æнæниздзинад хъахъхъæнынадмæ. Хорз куыст домдзæн дзуаппдæттæн æмæ бæрнон ведомствæтæй дæр. Уæвгæ ацы фарстатæ æнæзонгæ не сты, республикæйы цæрджыты бартыл чи дзуры æмæ сæ чи хъахъхъæны, уыдон дæр. Ныстуанæй цы рахастой æмæ сæ размæ цавæр ног хæстæ сæвæрдзысты, уый тыххæй нын радзырдта Уæрæсейы Федерацийы федералон æмбырды уæнг Фадзайты Арсен. Уæрæсейы æмæ республикæйы разамынды æмархайд дæр дæтты хорз бæрæггæнæнтæ. Фæлæ сæйрагдæр уый у, æмæ республикæйы разамынд ссары мадзæлттæ æмæ фæрæзтæ адæмы царды уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Алыхуызон программæты, акциты, фембæлдтыты руаджы фæзынынц куысты бынæттæ, ног цæрæн хæдзæрттæ, æхсæнадон æмæ пайдайаг хъуыддæгтæ. Битарты Вячеслав йæ ныстуаны цы фарстатыл æрдзырдта, уыдонимæ разы у Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур дæр. Фæлæ ма йæ хъуыдымæ гæсгæ фылдæр æргом аздахын хъæуы бархионты змæлдмæ. Йæ цард иннæтæн баххуыс кæнынæн чи снывонд кодта, уыцы фæсивæдæй фидæны бирæ аразгæ у. Уæвгæ йæ алчидæр æмбары, нæ бæстæйы фидæн, йæ сомбон фæсивæд кæй сты. Уымæ гæсгæ, уæлдай ахсджиаг у рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ фылдæр æргом здахын, раст фæндагыл сæ æвæрын, хорз дæнцæгтыл сæ ахуыр кæнын. Уыцы хъуыддаджы стыр куыст кæны Уæрæсейы фæсивæды цæдис. Цæгат Ирыстоны дæр ын ис хайад. Йæ уæнгтæ цы цæстæй кæсынц рæзгæ фæлтæры хъомыладмæ, цавæр зонд сын амонынц æмæ куыд кусынц? Стæй ныстуанæй цы рахастой, цы мадзæлттæ аразынц курдиатджын фæсивæды рабæрæг кæнынæн. Ныхасы бар — фæсивæды минæвæрттæн. Æппæты фыццаг адæймаг культурæимæ зонгæ кæны, кæм цæры, уым. Уæлдайдæр та хъæуты. Сусæггаг нæу, сæ бон горæттæм арæх цæуын нæу. Фæлæ бирæты фæнды сфæлдыстадон фæндагыл æрлæууын. Уым та сын стыр æххуыс федералон программæтæ. Йæ фæлгæты районты хъæуты бындуронæй сцалцæг кодтой культурæйы хæдзæрттæ. Кæм нæ уыдысты, уым сæ ногæй сарæзтой. Уый стыр æнтыст у. Фæлæ, хъыгагæн, лыггæнинаг фарстатæ бирæ сты æмæ культурæйы кусджытæ сæ зæрдæ дарынц, ныстуаны фæстæ сæ ног уддзæф кæй фæзындзæн. Иннæ ахсджиаг фарста — ирон æвзаг бахъахъхъæнын. Битарты Вячеслав сæвæрдта бæлвырд хæс — нæ мадæлон æвзаг парахат кæнын. Кæй зæгъын æй хъæуы, уыцы хъуыдаджы тыххæй абоны бонмæ бирæ мадзæлттæ арæзт æрцыд. Фæлæ республикæйы сæргълæууæджы хъуыдымæ гæсгæ фаг не сты. Уæлдай бæрнондзинад æрæнцайдзæн ахуыргæнджытыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Цавæр ног хæстæ сæвæрдзысты
Категория:
Новости и СМИ