Уæрæсейы сбæрæг кæдзысты æнæнхъæлæджы цауты тыххæй хъусын кæныны системæты куыст
Райсом нæ бæстæйы æппæт регионты дæр райдайдзысты адæмæн æнæнхъæлæджы цауты тыххæй хъусын кæныны системæты цæттæдзинад фæлтæрын. 10 сахаты 40 минутыл скусдзысты сиренæтæ æмæ хъæрæйдзурæнтæ. Æппæтуæрæсеон теле- æмæ радиоэфирты уыдзæн æмбæлгæ хъусынгæнинæгтæ иу минуты онг. Уæрæсейы æнæнхъæлæджы уавæрты министрад адæмæн бамбарын кодта, тæссагæй дзы кæй ницы ис æмæ телеэфирты хъусынгæнинæгтæ æмæ эфирты ивддзинæдтæ кæй цæудзысты нысангонд фæткмæ гæсгæ. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv