Æххуыс цæудзæн тагъддæр
Черменыхъæуы фæзынд ног тагъд æххуысы къарет. Дохтырты ныхæстæм гæсгæ хæдтулгæ ифтонг у æппæт хъæугæ кусæнгæрзтæй, уыимæ хъæууон уавæрты кусынæн дæр аккаг. Хъæуы цæрджытæн фадат фæзынд æвæстиатæй хæрзхъæд медицинон æххуыс райсын. Æнæниздзинад хъахъхъæныды минæвæрттæ ныр бынаты пайда кæндзысты ЭКГ аппаратæй, дефибриллятор æмæ æндæр хæугæ мадзæлттæй. Бынæттон цæрджытæн уый у хорз хабар. Зæронд хæдтулгæйæн йæ куыст кæныны æмгъуыд рагæй фæци. Къорд азы ма куыста, фæлæ арæх уыди бахъуаджы сахат сæтгæ дæр акодта. Ног машинæ балхæдтой республикон бюджеты æхцайы фæрæзтæй. Æнæниздзинад хъахъхъæныды министрады дарддæр дæр фæнд кæнынц уыцы куыст кæнын. Алы хъæу дæр сифтонг кæнын тагъд æххуысы ног хæдтулгæтæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Æххуыс цæудзæн тагъддæр
Категория:
Новости и СМИ