Мæздæджы районы æнæхицау куыйтæн фæзндзæн сæрмагонд бынат

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

5 лет назад

Мæздæджы районы цæрджытæ уавæрæй тыхсынц. Тæрсын сæ кæнынц, уынгты балтæй цы дзæгъæл куыйтæ рацу-бацу кæнынц, уыдон. Фарста аиуварс кæныны курдиатимæ комкоммæ эфиры рæстæг бахатыдысты республикæйы сæргълæууæг Сергей Меняйломæ. Сахатмӕ не`сфæлдыстадон къорд, æрмæг исгæйæ, Мæздæджы Кировы номыл уынджы банымадта 20 æнæхицау куыдзы. Сæмбæлæн сыл ис, адæм бирæгæйтттæй кæм æмбырд кæнынц, ахæм бынæтты: сывæллæтты хъазæн фæзты æмæ хойрагты дуканиты цур. Куыдз рагæй-æрæгмæ дæр у адæймаджы хæлар, фæлæ сæ цæрджытæ уæддæр тæрсынц. Æнæхæдзар дзæгъæл куыйтимæ фарста Мæздæджы районы, куыд республикæйы иннæ районты, афтæ карз у. Куыйтæ цæрджытæм лæбурынц. Апрелы куыйтæ фæхæцыдысты 11-аздзыд чызгыл. Уыцы рæстæг сывæллон скъолайæ хæдзармæ цыд. Мæздæджы районы æнæхæдзар куыйтæн бынат саразыны курдиат цæрджытæ бахастой регионы разамонæг Сергей Меняйломæ комкоммæ фембæлды рæстæг. Ныртæккæ фарста аиуварс кæныныл Сергей Меняйлойы амындмæ гæсгæ архайынц бынæттон хицауады уæнгтæ. Ацы арæзтад саразынвæнд кæнынц фидæны аз. Фæрæзтæ рахай кодтой республикæйы бюджетæй. Мæздæджы районы ахæм арæзтадæн бахъæудзæн 30 милуан соммæ ввахс. Æрбынат дзы кæндзысты 200 куыдзæй фылдæр. Куыддæр бынат равзарой, афтæ администраци, цæрджыты хъуыды хынцгæйæ, йæ аразынмæ бавналдзæн. Гæззаты Зæринæ _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv