Уæлахизы тырыса

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

5 просмотров

8 лет назад

74 азы размæ, 30 апрелы Уæлахизы Советон Цæдисы Сырх Тырыса фæйлауын райдыдта Берлины Рейхстаджы сæрмæ. Знаг саст æрцыд. 24 июны, 1945 азы та Мæскуыйы Сырх фæзы парады ацыдысты Сæветон Цæдисы гæрзифтонг тыхтæ, семæ – Æфсæддон-денджызон флот æмæ Мæскуыйы гарнизоны минæвæрттæ дæр, афтæмæй. Парад сарæзтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы кадæн. Сырх Тырыса Берлины рейхстаджы сæрыл ныффидар кодтой 150-æм æхсæн дивизийы сгарджытæ Егоров æмæ Кантария. Нæмгуытæй хуынчытæ сырх хъуымац ссис хæзнаты хæзнадæр. 3-æм майы 1945 азы Мæскуыйаг газет «Правда»-йы фыццаг хатт ныммыхуыр кодтой рейхстаджы къам Уæлахизы тырысаимæ. Берлины уый фæстæ дæр хæстытæ цыдысты. Рейхстаг дæр уæдæ хъахъхъæдтой фашистты хицæн къордтæ. Уæвгæ, тырыса æрсадзыны хъуыды фыццаг хатт фехъусын кодта Сталин. Уый уыдис 6 ноябры 1944 азы. Ацы хъуыддагæй бæрæг хъуамæ дардтаид, немыцаг æрдонгтæ састы бынаты кæй баззадысты, уый. Æфсæддон Совет уыцы хъуыдыимæ сразы. Уыцы рæстæг Советон Цæдисы тырысамæ гæсгæ сарæзтой Уæлахизы тырыса дæр. Дивизиты нымæцмæ гæсгæ уыдысты 9. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Уæлахизы тырыса

Категория:

Новости и СМИ