Сæ нæмттæ сын ссардзысты
Даскъофы быдырты 58-æм æфсады службæгæнджытæ бавнæлдтой сæрмагонд къæхтытæм. Агурынц фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæг уым цы тугкалæн тох уыд, уый амæттæгты. Куыст æнцон нæу, зæгъынц сгарджытæ. Фæлæ уæддæр разæнгард кæнынц. Æххуыс сын кæнынц бынæттон цæрджытæ. Нæхион æви нæ. Æвæццæгæн æфсæддонтæ уый никуы базондзысты. Ацы хатт зæххы бын 1 метыр дæр нæ ныкъахдтой, афтæмæй дзы ссардтой адæймаджы сæры стæгдар. Уый у Фыдыбæстæйы Стыр хæсты тугкалæн тохы чи фæмард, уый. Ныр æй, уал азы фæстæ, кад æмæ радимæ, бавæрдзысты. Ай у æцæг хæсты быдыр. Уымæ гæсгæ, йæ афтæ сгарын уæлдай тæссаг у адæймаджы æдасдзинадæн. Æфсæддонтæ уал фыццаг сæ алфамблаймæ æркæсынц. Пайда кæнынц æфсæйнаг иртасæнтæй. Сæ сæйраг хæс у — зæххы цы рæмудзæн æрмæджытæ нæ фехæлдысты, уыдон ссарын. Ахæм куыст ацы æфсæддонтæ фыццаг хатт кæнынц. Куыд зæгъынц, афтæмæй ацы куыст зын уаид, куы ничи сын æххуыс кæнид, уæд. Фæкæсæг та ис. Археологтæ æмæ бынæттон цæрджытæ сæхæдæг. Уыдонæй хуыздæр ацы бынат ничи зоны. Бынæттон цæрджытæм æфсæддонты куыст уæлдай цымыдисаг кæсы. Уырны сæ, Фыдыбæстæйæн йæ цард чин нæ бавгъау кодта, уыдоны нæмттæ ссарын тынг ахсджиаг у. Афтæ сæ фæнды бузныг зæгъын, ныртæккæ сабырдзинад кæй руаджы уынæм, уыдонæн. Арфæйы ныхæстимæ цæуынц агурджытæм дæр. Елхотмæ бацæуæны уæззау æмæ тугкалæн тох уыд æнæхъæн 10 боны. Советон цæдисы хъæбатыртæ хъæддыхæй лæууыдысты ам, цæмæй знаг дарддæр ма ахиза æмæ сын бантыст. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сæ нæмттæ сын ссардзысты
Категория:
Новости и СМИ