Дыгъуызты Артур афæдзы дæргъы ахуыр кæны бæхыл бадыныл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

7 лет назад

Дыгъуызты Артур бæхыл бадын афæдзы дæргъы ахуыр кæны. Иппотерапийæ йын йе 'нæниздзинад фидардæр кæны. Азмæ Артуры къухы æнтыстдзинæдтæ дæр бафтыд. Архайдта бæхыл бадынæй æппæтдунеон фестиваль «Золотая осень»-ы. Бацахста дзы 4-æм бынат. Дыгъуызты Артур бонæй-бонмæ бæхыл уæндондæр бады. Лæппу куыд зæгъы, афтæмæй ацы ахуырты рæстæг дзы йæ низ дæр ферох вæййы. Æнæ бæхыл бадгæйæ йæ цард нал уыны. Уæлдайдæр æнæ йæ лымæн Скифæй. Йæ тыхтыл ма ноджыдæр бафтыд сывæллæтты æппæтдунейон фестивалы бæхтыл бадынæй «Золотая осень»-ы куы фæуæлахиз, уæд. Фестивалы архайдтой йе 'нæниздзинад хъыгдÆрд кæмæн у, ахæм сабитæ. Артур дзы бацахста 4-æм бынат. Лæппу ныридæгæн бæхыл иу аз йеддæмæ нæ бады. Фæлæ, уæддæр фæлтæрдджын ныхмæлæуджытыл фæуæлахиз.     Бæхыл бадын Артурæн йе 'нæниздзинадыл хуыздæрырдæм ахады. Куыд зæгъы, афтæмæй йæ зæрдæйы ахаст дæр хъæлдзæгдæр свæйы. Æппæты фылдæр Артурмæ ерысты рæстæг йæ зæрдæ фехсайы йæ мад- Дыгъуызты Жаннæйæн. Фыццагдæр йæ Жаннæ бамбæрста, Артурæн йе нæниздзинад хъыгдæрд кæй у, уый. Жаннæйы ныхæстæм гæсгæ, бæхтæ лæппу кæддæриддæр бирæ уарзта. Иппотерапийы тыххæй куы фехъуыста, уæд уайтагъд дæр уынаффæ рахаста, кæй йæ бафæлвардзысты. Йæ хъуыдыйыл æппындæр нæ фæфæсмон кодта. ДЦП кæмæ ис, уыдонæн иппотерапийæ се нæниздзинад фæфидардæр кæнынæн стыр æххуыс у, уый бæлвырдæй зæгъынц тренертæ æмæ специалисттæ дæр. Бæхæй йеддæмæ иунæг сырдæн дæр йæ биомеханикæ адæймагимæ иухузыон нæу. Уымæ гæсгæ сывæллæттæн бæхыл бадын æнцон у. Æнæ инструктортæй дæр. Дыгъуызты Артурмæ ма бирæ ерыстæ æмæ æнтыстдзæндтæ æнхъæлмæ кæсынц фидæны. «Ир» центры куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæлдæр къæпхæнтæм схизыныл архайынмæ цæттæ сты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Дыгъуызты Артур афæдзы дæргъы ахуыр кæны бæхыл бадыныл

Категория:

Новости и СМИ