Боныхъæды фæстиуджытæ
Дзæуджыхъæуы уынгтæ митæй кæронмæ нæма асыгъдæг кодтой. Ныртæккæ «Спецэкосервис»-ы кусджытæ урс пæлæзæй архайынц фæндæгтæ æмæ фистæг ахизæнтæ суæгъд кæныныл. Калынц ма сыл змис цæххимæ хæццæйæ, цæмæй бырынцъаг ма уой. Æдæппæтæй фæндæгтæм ракодтой техникæйы 15 иуæджы. Уынгтæ сыгъдæг кæнынмæ рацыдысты изæры 9 сахатыл. Ныртæккæ уал горæты сæйрагдæр уынгтæм базылдысты. Сæрибардзинады æмæ Штыбы фæзты дæр куыст кæронмæ фæхæццæ кæны. «Спецэкосервис»-ы разамонæджы ныхæстæм гæсгæ, Терчыфалейы æмæ Промышленнон районты митæй асыгъдæг кодтой. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Боныхъæды фæстиуджытæ
Категория:
Новости и СМИ