Ирон драматургийы ирддæр комедитæй иу та ногæй равдыстой ирон театры сценæйыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

23 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

23 просмотра

5 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

23 просмотра

5 лет назад

Адæмæн уарзон хъайтартæ Цола æмæ Дзыкъуылайы уарзондзинады истори адарддæр ирон драматургийы уарзондæр классикæ «Цолайы чындзæхсæв»-ы. Равдыстой йæ ирон театры сценæйыл. Куыд сбæлвырд, афтæмæй, хъæлдзæгдзинадыл рæстæг дæр нæ тых кæны. Спектакль æфтауы алыхуызон цин æнкъарæнтыл. Раздæрау цымыдис кæны адæмы. Йæ премьерæ та театрдзаутæн ссис æцæг бæрæгбон. Ирон æгъдау, хъæздгуытæ æмæ мæгуырты 'хсæн ахастдзинæдтæ, уыдоны ныхмæ хуымæтæг лæджы хъæлдзæг цæстæнгас цардмæ æмæ уарзондзинад. Ирон драматургийы уарзондæр классикæ «Цолайы чындзæхсæв» нырыккон æууæлтой баххæст кодтой. Уæвгæ, йæ мидис æмæ сюжет сты фыццаджы хуызæн - ивдидзинæдтæй æм хаст не`рцыд, фæлæ ныр уацмысы сæйраг хъайтартæ Цола æмæ Дзыкъуылайы уарзондзинады истори ахæццæ кодтой дарддæр. Бакуыста йыл театры аивадон разамонæг Уалыты Гиви. Режиссёр-æвæрæг дæр у. Чеджемты Георы комеди «Цола» ссӕдз азӕй фылдӕр цыд нӕ театры сценӕйыл. Сæвæрдтой йæ ивгъуыд ӕнусы 80-æм азты. Пьесæ у ирон драматургийæйы ирддæр комедитæй иу. Йæ фыццаг режиссёр æмæ æвæрæг уыд Цæгат Ирыстоны аивӕдты сгуыхт архайӕг Бекъойты Розӕ. Ацы хъуыддаджы йæм тынг фæкаст Гæздæнты Булат дæр. Спектакль музыкалон фæлгонцæй райдианæй кæронмæ дæр сарæзта уый. Уæдæ дзы хъазгæ дæр адæмæн уарзон актёртæ кодтой. Цолайы роль дзы уæд фыццаг хатт ахъазыд Цæргæсты Дзамболат. Ныр дæсгай азты сæрты Цолайы роль æрхауд æрыгон, фæлæ курдиатджын Джанайты Эльбрусмæ. Йæхææг куыд зæгъы, афтæмæй, дзы фыццаг тас бацыд. Цолайы фæлгонц аивадуарзджытæн у зонгæ, уымæ гæсгæ йæ бахъуыд Цолайы цыргъ ӕмӕ кӕрдаг зонд куыд хуыздæрæй равдисын. Уæвгæ, бафиппайдта, Цолайы миддуне йын хæстæг кæй у, уый дæр. «Цолайы чындзæхсæв» у комедион спектакль, баиу дзы сты юмор æмæ сатирæ. Спектакль æфтауы алыхуызон хъæлдзæг æнкъарæнтыл. Уæвгæ ацы хъуыды премьерæмæ бирæ адæмы æрбалвæста. Залы адæмæй къах бавæрæн дæр нæ уыд. _________________________ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv