Ирыстон - нæ иумæйаг хæдзар
Дзæуджыхъæуы 25-æм скъолайы ахуырдзаутæ бацæттæ кодтой мадзал «Осетия – наш дом», зæгъгæ. Сарæзтой йæ мадæлон æвзаджы бæрæгбоны фæлгæты. Скъоладзаутæ æрбацæуджытæн бацæттæ кодтой спектаклы хуызы алы нациты культурæ æмæ историйы тыххæй скъуыддзæгтæ. Сæ уазджытæн ма суанг фынг дæр сарæзтой адæмыхæттыты хойрæгтæй. Чи сæм саккаг кодта, уыдоны `хсæн – хæлардзинады республикон хæдзары минæвæрттæ æмæ адæмон совет «Стыр ныхас»-ы уæнгтæ. Кæмæн æмбæлд, уыдон ацы чысыл бæрæгбоны райстой арфæйы фыстæджытæ, нациты `хсæн ахастдзинæдты райрæзтмæ стыр æвæрæн кæй хæссынц, уый тыххæй. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ирыстон - нæ иумæйаг хæдзар
Категория:
Новости и СМИ