Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад баххуыс кæндзæн спаржæйы куыст Цæгат Ирыстоны парахат кæнын
Цæгат Ирыстоны дыргъы æмæ спаржæйы куысты райрæзтыл æрдзырдтой Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрады. Битарты Вячеслав кусæг балцы рæстæг фембæлд ведомствæйы разамонæджы фыццаг хæдивæг Джамбулат Хаутовимæ. Республикæйы спаржæ ныссагътой 55 гектары фæзуатыл. Инвестицион проектыл Горæтгæрон районы архайы куыстуат «Долина спаржи». Уæрæсейы иунæг у, ацы къабазы чи архайы, ахæм. Битарты Вячеслав куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны фидæны спаржæ ныссадзысты 600 гектарыл. Уый фадат ратдзæн нæ бæстæ ацы халсарæй сифтонг кæнын. Уый тыххæй хъæуы федералон центры æххуыс æмæ ног программæтæ. Ныртæккæ спаржæйы куыстæн паддзахад æххуыс æххæстæй нæ кæны. Республикæйы ма стыр æргом здахынц дыргъдарыны куыстмæ дæр. Ацы къабаз дæр æнтыстджынæй рæзы. Ивгъуыд аз мингай гектартыл ныссагътой бæласы талатæ. Уый 2018-æм азимæ абаргæйæ у дыууæ хатты фылдæр. Цæгат Ирыстоны хъæууон хæдзарады кусджытæ ацы аз фæнд кæнынц дыргъдæттæ ноджы 1500 гектарыл апарахат кæнын. Уый тыххæй сын хъæуы субсидиты хуызы æххуыс кæнын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Уæрæсейы хъæууон хæдзарады министрад баххуыс кæндзæн спаржæйы куыст Цæгат Ирыстоны парахат кæнын
Категория:
Новости и СМИ