Алагиры скъоладзаутæ афæлгæсыдысты историон æмæ бæстæзонæн маршруттыл

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав

2 тыс. подписчиков

12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

ПожаловатьсяНарушение авторских прав
12+
12+

3 просмотра

7 лет назад

Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй арæзт æрцыд проект «Я познаю Россию», зæгъгæ. Бацархайдтой дзы бирæ адæм. Уыдоны æмрæнхъ Алагиры 5-æм скъолайы ахуырдзаутæ дæр. Проекты сæйраг домæнтæм гæсгæ, афæлгæсыдысты нæ республикæйы цымыдисагдæр бынæттыл æмæ сарæзтой сæхи сæрмагонд маршрут. Бæлвырддæр хабæрттæ - нæ уацхæсджыты æрмæджы. Хъайтыхъты Радмилæ ахуыр кæны Алагиры 5-æм скъолайы. У 9-æм къласы ахуырдзау. Радмилæ æрæджы йе 'мкъласонтимæ æрцыди Уæрæсейæ. Уыдон архайдтой Æппæтуæрæсеон туристон экспедици «Я познаю Россию» - йы. Ацы конкурсы фæрцы чызджытæ базыдтой бирæ цымыдисаг культурон æмæ туристон объекттæ. Æмæ ма уыйадыл афæлгæсыдысты нæ республикæйы историкон æмæ бæстæзонæн маршруттыл. Рæдмилæ нын куыд радзырдта, афтæмæй уыдон ацы проектмæ сæхи бæстонæй бацæттæ кодтой. Проект «Я познаю Россию» фæзынд 2015 азы Уæрæсейы президент Владимир Путины хъæппæрисæй. Арæзт цæуы бæлвырд фæткæвæрдмæ гæсгæ æмæ 4 къæпхæнæй. Алы этапы дæр ис сæрмагонд хæслæвæрдтæ. Уым скъоладзаутæ сæхи фæлварынц алыхуызон конкурсты. Алагиры скъола ацы проекты ма архайдта дыууæ азы размæ. Конкурсы хыгъдмæ гæсгæ равзарæн уыдис цавæрфæнды тематикæ дæр. Уымæ гæсгæ скъоладзаутæ равзæрстой хæстон намысы бынæтты истори. Бацархайдтой, цæмæй нæ республикæйы маршрут иннæтæй цымыдисагдæр уа, ууыл. Уагæвæрдмæ гæсгæ Алагиры скъолайы ахуырдзаутæ бацархайдтой, цæмæй сæ æвзæрст маршруттæ дзуапп дæттой проекты æппæт домæнтæн дæр. Уыимæ ацы конкурсы сæйраг нысан у - культурон объекттыл афæлгæст. Уæдæ скъоладзауты сæйрагдæр нысан та у, цы бынæтты уыдысты, уыдон социалон хызæгты хештегтæ #Я познаюРоссию, #РДШ, #ПОИСКРФ-имæ рапарахат кæнын. Алагиры 5-æм скъолайы директоры ныхæстæм гæсгæ, скъоладзаутæн тынг æхсызгон у, ацы конкурсы кæй бацархайдтой, уый. Хъуппеты Азæ, Алагиры 5-æм скъолайы директор: «Мах ахуыргæнинæгтæ Æппæтуæрæсеон скъоладзуты змæлды фæлгæты архайынц, цæмæй сæ фæлтæрддзинад бæрзонд кæна, ууыл. Ахуыргæнджытæ æрвылаз семæ кусынц, аразынц алыхуызон конкурстæ æмæ проекттæ. Ахуырдзаутæ ацы проектты архайгæйæ, фенынц алыхуызон цымыдисаг бынæттæ, базонгæ вæййынц бирæ зындгонд адæмимæ. Уæдæ ма хорзæхгонд æрцæуынц кады гæххæттытæй дæр». Туристон проект «Я познаю Россию»- стыр ахъаз у рæзгæ фæлтæрæн. Алы скъоладзауæн дæр дзы йæ бон у бацархайын. Ацы проекты скъоладзаутæ базондзсты бирæ ногдзинæдтæ цымыдисаг æмæ хъæугæ хабæрттæ. Къутæрты Аидæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv

Название:

Алагиры скъоладзаутæ афæлгæсыдысты историон æмæ бæстæзонæн маршруттыл

Категория:

Новости и СМИ