Зын, фæлæ ахадгæ
Абон сæ профессиионалон бæрæгбон у нæ рухс фидæныл нын хорзырдæм чи ахады,уыдонæн. Ахуыргæнæг нæ алкæйы цардмæ дæр цы æвæрæн бахæссы,уымæн аккаг аргъ скæнын зын у. Æмæ кæд ныртæккæйы рæстæг цард бирæ ивддзинæдтæ æййафы,æмæ бирæ хъуыддæгтæм адæм æндæр цæстæй кæсын райдыдтой,уæддæр ахуыргæнæджы дæсныйад хъæугæ,ахадгæ æмæ вазыгджын кæй у,уый дæзæрдыггаг нæу. Ахуырадæн йæ цард чи снывонд кодта,уыдон абон алырдыгæй дæр хъусынц зæрдиаг арфæйы ныхæстæ. Не`сфæлдыстадон къорд дæр бæрæгбоны арфæтимæ батагъд кодта Огъуаты Галинæмæ. 50 азмæ йын скъола сси дыггаг нæ, фæлæ фыццаг хæдзар. Уымæ гæсгæ, Огъуаты Галинæ куыддæрйæ дуарæй бакъахдзæф кодта, афтæ йæ зæрдæ æрбауынгæг. Йæ азтæн сæ фылдæр ам арвыста. Йæ куыст æнцон нæ уыд, зындзинæдтæ æвзæрста,фæлæ йын удæнцой дæр хаста. Рæстæг рацыд ,уымæ гæсгæ йын ныридæгæн æппæт уыцы мысинæгтæ æвдадзы хос сты,хæссынц ын стыр æхсызгондзинад.Кæддæр Галинæ хæрзæрыгонæй рабалц кодта Краснодарæй Дзæуджыхъæумæ æрмæстдæр иу нысанимæ-уæлдæр ахуырад райсын.Хъысмæт афтæ рауад æмæ райдыдта ахуыр кæнын педагогон хайады.Райста филологон æмæ физкультурæйы ахуыргæнæджы дæсныйæдтæ.Бирæ азты дæргъы куыста куыд уырыссаг æвзаджы,афтæ физкультурæйы ахуыргæнæгæй. Огъуаты Галинæ: «Уазджытæ нæм куы æрбацæуынц,уæд мæ чызг фæзæгъы,мæ мад амондджын адæймаг у,уымæн æмæ йын уыд уарзон куыст.Сывæллæттимæ ахастдзинæдтæ иухуызон нæ вæййынц.Алкæйы зæрдæмæ дæр дзы хъæуы фæндаг ссарын». Огъуаты Галинæ пенсимæ 9 азы размæ рацыд.Йæ цардæмбал дæр ахуыргæнæг у.Уымæ гæсгæ сæ дыууæ чызджы дæр сæ ныййарджыты кæй бафæзмыдтой,уый дæр диссаг никæмæ фæкаст.9 азмæ сылгоймаг бафиппайдта,æгæрон уарзтæй кæй уарзы йæ дæсныйад, æмæ ныр дæр ма зæрдиагæй сывæллæттæн зонд кæй амонид. Уал азмæ йын ацы дæсныйад куыстæй уæлдай сси йæ царды арф уидæгтæ чи суагъта æмæ йæ зæрдæйы уæлдай бынат чи рцахста,ахæм архайд. Уæдæ æцæг æмæ хорз ахуыргæнæг суæвынæн дæр бирæ нæ хъæуы:сæйраг у сывæллæтты уарзын. Огъуаты Галинæ: «Сывæллæтты æмæ дæ куыст куы нæ уарзай,уæд скъолайы иувæрсты цæуын хъæуы.Æз алцыдæр мæ зæрдæмæ хæстæг истон,æндæр та куыд.Сывæллæттимæ хъуамæ зæрдæхæлар уай». Ахуыргæнæгæн стыр циндзинад фæхæссы,йæ скъоладзаутæн цы зондзинæдтæ радты,уыдон сæ царды куы бахъæуынц,уæд. Уæлдай æхсызгон та йын вæййы йæ ахуырдзаутæй фидæны исчи йæхицæн ахуыргæнæджы дæсныйад куы равзары,уый.Уыцы амондæй дæр Огъуаты Галинæ хайджын у. Йæ ахуырдзаутæй бирæты ныр сæрбæрзондæй хоны -ме`мкусæг.Уыцы хъуыддаг ын йæ ныфсыл ныфс бафтыдта,æмæ сын дарддæр дæр æнæвгъауæй куыд хистæр,афтæ йæ фæлтæрддзинады сусæгдзинæдтæ æргом кæны. Ацы аз Огъуаты Галинæйы банымадтой "Хуыздæр зондамонæгыл". Ахуыр кодтон Галинæ Антоновнæмæ,университеты æртыккæгæм курсы куы ахуыр кодтон,уæд æрбацыдтæн скъоламæ кусынмæ.Тынг зæрдæхæлар адæймаг у.Йæ уыцы миниуæг ирдæй фæзынд сывæллæттимæ æмæ йын иннæ ахуыргæнджытимæ цы ахасдзинæдты уыд,уым. А фæстаг азты ахуырады бирæ ивддзинæдтæ æрцыд. Ивынц домæнтæ æмæ методикæтæ. Ныр ахуыргæнæг æнæмæнг хъуамæ рæстæгимæ æмкъахдзæф кæна,ома пайда кæна интерактивон фæрæзтæй,урокты рæстæг нырыккон технологитæй пайда кæнын зона,афтæ скъоладзауты уæлдай тынгдæр сцымыдис кæнæн ис. Урок арæх арæзт цæуы хъазты хуызы.Хъуамæ уой цымыдисаг.Уый канд ирон æмæ англисаг æвзаджы урокты нæ.Ахуыргæнджыты дæр ахæм хуызы цæттæ кæнæм. Бирæ азты дæргъы нæ республикæйы ахуыргæнæджы дæсныйад райсын бирæтæм кадджын нал каст ,уæдæ дзы мызд дæр бирæ нæ фидынц, зæгъгæ. Фæлæ ныр педагогон институты кусджыты ныхæстæм гæсгæ, фæсивæд аацы хъуыддагмæ æндæр цæстæй кæсынц. Скъолаты рауагъдонтæ æхсызгондæрæй æвзарынц ацы дæсныйад.Фидæны ахуыргæнджыты бæрц афæдзæй-афæдзмæ фылдæрæй-фылдæр кæны.Арæхдæр æвзарынц скъолайы агъоммæ сывæллæтты чи цæттæ кæны æмæ райдиан кълæсты чи ахуыр кæны,ахæм педагогты дæсныйæдтæ. Уымæй уæлдай ма арæх равзарынц,йе`нæниздзинад хъыгдард кæмæн у,ахæм сывæллæттимæ куыст,стæй инклюзивон ахуырад. Скъолаты рауагъдонтæ ацы дæсныйадмæ се`ргом здахын райдыдтой.Ссис сын уарзон.Уый бирæ цæмæйдæрты аразгæ у,зæгъæм,паддзахады социалон политикæйæ. Æмæ кæд зындзинæдтæ æвзарынц.уæддæр,адæм фæлтæрæй-фæлтæрмæ цæуынц скъоламæ кусынмæ.Ивынц паддзахадон домæнтæ-æнæивгæйæ баззад æрмæстдæр иу домæн-хъуамæ æнæмæнг уарзай сывæллæтты. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Зын, фæлæ ахадгæ
Категория:
Новости и СМИ