Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиалы цæттæ кæнынц премьерæ
Поэмæйы зындгонддæр сценæ — Дзамболат алы къуымты рахау-бахауы фæстæ, уацарæй ралидзгæйæ фембæлд Фатимæимæ. Куры йæ, цæмæй иумæ сæ уарзондзинады фæдыл алидзой. Дыууæ уарзоны истори, сылгоймаджы уæззау хъысмæт, трагикон кæрон — ацы сюжет бирæтæн зонгæ у. Фæлæ ахæм Дзамболат æмæ Фатимæйы театрдзау нæма зоны. Быцæутæ, бæрæгбоны уазджыты тыхстмитæ, хохаг сылгоймæгты кæфтытæ, æрбабырсты тыххæй цаутæ. Сюжет равдисдзысты дыууæ архайдæй. Репетицитæ цæуынц æппынæдзух. Уыимæ ма артисттæ уыцы-иу рæстæг кусынц æндæр спектаклтыл дæр. Сæхæдæг куыд зæгъынц, афтæмæй æнцон нæу, фæлæ уымæй архайд ноджы цымыдисагдæр у. Балет сæвæрыны хъуыды фæзынд цалдæр азы размæ. Музыкæ йæм ныффыста зындгонд композитор Плиты Жаннæ. Фæлæ йæ къухы нæ бафтыд. Афæдзы æрдæджы размæ йæ цардæй ахицæн. «Фатимæ»-йы йæ фæндыд бабæттын ивгъуыд æмæ ныры дугтæ. Адæмы 'хсæн ахастдзинæдтæ равдисын. Музыкæ акæндзæн Мариинаг театры Цæгат Ирыстоны филиалы симфонион оркестр. Дирижер - Æлбегаты Георгий. Националон хореграфи балеты сæвæрын æнцон нæ уыд. Режиссер æмæ Мариинаг театры республикæйы филиалы сæйраг балетмейстер Суанты Валерий нын куыд радзырдта, афтæмæй проект ис схонæн йæ практикæйы æппæты зындæрыл. Ныридæгæн куыстыты фылдæр хай æххæстгонд æрцыд. Сценографи, декорацитæ æмæ артистты уæлæдарæс. Сæйраг хæс уыд националон хуыз бахъахъхъæнын. Ууыл бакуыста театры сæйраг нывгæнæг Найфонты Давид. Сфæлдыстадон къорды ныхæстæм гæсгæ, театрдзаутæ æнæмæнг райсдзысты ирд æнкъарæнтæ. Премьерæ снысан кодтой ацы аз октябрмæ.