Кæдæй-уæдæй!
Абон Дзæуджыхъæуы фатерты сертификаттæ райстой, йæ цæрæнбынат æнæбары чи ныууагъта, ахæм 30 бинонтæ. Кадджын мадзал цыдис Цæгат Ирыстоны арæзтад æмæ архитектурæйы министрады. Афтæмæй дарддæр хæццæ кæнынц сæрмагонд программæ. Раздæр ахæм гæххæттытæ лæвæрдтой Фыдыбæстæйы Стыр Хæсты ветерантæн, сæ идæдз бинойнæгтæн, тохы быдырæй хъыгдард æнæниздзинадимæ чи сыздæхт, уыдонæн. Ныртæккæ министрады рахызтысты цæрджыты æндæр къордтæм дæр. Фыццаг къæпхæны сты 209 бинонтæ. Абоны амондджынтæ дæр сты уыцы номхыгъды. 16 бинонтæн фадат ис уыцы сертификаттæ æнæ рады лæугæйæ райсынæн. Сты, Чернобылы атомон электростанцæйы хъыгдард чи баййæфта, ахæмтæ. Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, программæмæ гæсгæ 10 азмæ сæ царды уавæртæ фæхуыздæр кодтой 400 бинонтæ. 2018-æм азы ма республикæйæн радих кæндзысты 1 миллиард æмæ 200 милуан сомы. Бахардз сæ кæндзысты, йæ сертификаттæм рагæй чи `нхъæлмæ кæсы, уыцы 600 бинонтыл. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv Telegram: t.me/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Кæдæй-уæдæй!
Категория:
Новости и СМИ