Ахадгæ фембæлд
Рауагъдад «Ир»-ы сфæлдыстадон изæр арæзт æрцыд Дзæуджыхъæуы. Фембæлдмæ æрбацыдысты чингуытæ кæсджытæ æмæ сæ автортæ. Уазджытæн скъоладзаутæ бацæттæ кодтой æмдзæвгæтæ ирон æвзагыл. Уый фæстæ автортæ мадзалы архайджыты размæ рахастой 2018-æм азы фыст чингуытæ. Фембæлды рауад цымыдисаг ныхас. Чингуытæ кæсджытæ рауагъдады кусджытæм радтой алыхуызон фæрстытæ. Радзырдтой сын сæ хъæппæристы тыххæй дæр. Рауагъдады разамынды ныхæстæм гæсгæ, ахæм сфæлдыстадон изæртæ фæнд кæнынц æртæ мæйы иу хатт аразын. _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv ok.ru/irystontv
Название:
Ахадгæ фембæлд
Категория:
Новости и СМИ