Сывæллæтты æдасдзинадæн
Сывæллæтты æдасдзинад ахсджиаг хъуыддаг у. Уæлдайдæр та хи ирхæфсæн бынæтты. Парти «Иугонд Уæрæсе» -йы раззагдæр архайджытæн проект «Адæмон цæстдард»- ы фæлгæты бабар кодтой бæстонæй æркæсын лæггæдты хæрзхъæддзинадмæ. Ацы хатт бабæрæг кодтой Дзæуджыхъæуы базарадон - ирхæфсæн центрты сывæллæтты хъазæн фæзтæ. Цæвæр фиппайнæгтæ ссардтой, уый уын радзурдзæн нæ уацхæссæг. Парти Иугонд уæрæсейы раззагдæр архайджытæ проект «Адæмон цæстарды» фæлгæты сарæзтой радон рейд. Сывæллæтты æдасдзинадимæ баст кæй у , уый тыххæй йæм уæлдай бæстондæрæй кæсынц. Вæййы мæй иу хатт. Ныртæккæ бабæрæг кодтой базарадон- ирхæвсæн центрты сывæллæттн цы хъазæн фæзтæ ис, уыдон. Сæ цæст дарынц бирæ фарстатæм: санитарон уавæрмæ, зынгсивæрзтытæй æдасдзинадмæ стæй ма хъазæн фæзтæ куыд ифтонг сты, уымæ дæр. Уæлдайдæр та сæ хъус дарынц сывæллоны цард æмæ æнæниздзинад цæмæй мацы хъыгдара, уымæ. Хи ирхæфсæн центры разамонджытæ цæстдарджытæн ныфс бавæрдтой сывæллæтты фæз цæмæй æдас уа , уый тыххæй æппæт мадзæлттæ дæр кæй аразынц , уымæй. Кусджытæн саразынц сæрмагонд ахуыртæ. Уымæй уæлдай ма ныййарджытæн æппæт хъазæн фæзы сфидар кодтой алыхуызон амонæнтæ. Анжелика Бибайты, «Волшебный лес» -ы цæстдарæг: «Алы бон дæр куысты размæ нæ цæст ахæссæм фæзыл . Аз иу хатт бæстон сбæрæг кæнæм хъазæн фæзты аиппытæ». Парти «Иугонд Уæрæсейы» активисттæ басгæрстæй æмтгæй разыйæ баззадысты. Фæлæ хъуыддаг æнæ фиппайнæгтæй нæ ахицæн. Александр Тавитов, проект«Адæмон цæстдард » -ы цæстдарæг: «Кæй зæгъынæй хъæуы фиппайнæгтæ ссардтам , фæлæ нын разамонджытæ зæрдæ бавæрдтой дыууæ бонмæ сæ кæй айдзысты , уый. Хъазæнтæ кæрæдзимæ хæстæг æвæрд кæй сты , уый ахоссæй сывæллæттæ кæрæдзийы хъыгдарынц. Загътам сын цæмæй сæ кæрæдзийæ дарддæр сæвæрой». Проектмæ цæстдарæджы ныхæстæм гæсгæ цалдæр боны фæстæ фæнд кæнынц хи ирхæфсæн центртæм ногæй æрбаздæхын. Сбæрæг кæндзысты хъазæн фæзтæм цы фиппайнæгтæ рабæрæг кодтой , уыдон хицæуттæ аиуварс кодтой, æви нæ. Уазиты Зæлинæ _ Мы рядом в: vk.com/irystontv instagram.com/irystontv youtube.com/irystontv twitter.com/irystontv
Название:
Сывæллæтты æдасдзинадæн
Категория:
Новости и СМИ